Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Тимофеймӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Мӕнгахуыргӕнджыты тыххӕй

1 Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой монтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.

2 Уыдӕттӕ рацыдысты, йе ’фсарм чи бахордта, уыцы мӕнгард цӕстмӕхъустӕй.

3 Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц цыдӕр хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон.

4 Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй дзы куы хӕрай, уӕд,

5 уымӕн ӕмӕ ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы ныхасӕй ӕмӕ кувынӕй.


Хуыцауы ӕнувыд кусӕг

6 Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхасӕй, стӕй, цы арфӕйаг ахуырадыл ныллӕууыдтӕ, уый ныхасӕй рӕз чи схаста, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг.

7 Дӕхи хиз, ӕнӕуаг ӕмӕ ӕрмӕст зӕронд устытыл чи фидауы, ахӕм тутт ныхӕстӕй, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.

8 Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.

9 Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн.

10 Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, сӕ Ирвӕзынгӕнӕг у.

11 Амон афтӕ ӕмӕ ууыл ахуыр кӕн иннӕты.

12 Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕввӕрсонтӕ мачи кӕнӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.

13 Ме ’рцыдмӕ кӕс Сыгъдӕг Фыст, амон ӕмӕ ахуыр кӕн иннӕты дӕр.

14 Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.

15 Де ’ргом аздах ӕппӕт уыдӕттӕм, дӕхи сын снывонд кӕн, цӕмӕй алчидӕр уына де ’нтыст.

16 Лӕмбынӕг кӕс дӕхимӕ ӕмӕ ахуырадмӕ, афтӕ кӕн иудадзыг — уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзынӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan