Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Тимофеймӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Аргъуаны хистӕртӕ ӕмӕ се ’ххуысгӕнджыты миниуджытӕ

1 Ацы ныхас ӕцӕг у: аргъуаны хистӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы.

2 Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,

3 ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,

4 аккаг уынаффӕгӕнӕг йӕ хӕдзарӕн, аргъ ын кӕной йӕ цот ӕмӕ йын уой коммӕгӕс.

5 Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаны хъуыддӕгтӕ куыд кӕндзӕн?

6 Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа.

7 Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.

8 Диакъонтӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг лӕгтӕ, ма уой дывзагон, нозтуарзаг ӕмӕ кӕрӕф.

9 Хъуамӕ фидар хӕцой уырнынады арфӕвӕрд мидисыл ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг.

10 Ахӕмты фыццаг хъӕуы бафӕлварын, ӕмӕ ӕнӕфау куы разыной, уӕд-иу диакъоны лӕггад кӕнӕнт.

11 Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.

12 Диакъон хъуамӕ уа иу усы мой, хорз арӕхса йӕ цотӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ.

13 Хорз чи бакусы, уыцы диакъонтӕ схизынц сӕ куысты уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы Хуыцауы раз свӕййынц тынг ныфсджын.


Нӕ уырнындзинады астӕуккаг цӕджындз

14 Ацы фыстӕг дӕм фыссын, рӕхджы дӕм кӕй ӕрцӕудзынӕн, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.

15 Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у — ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе ’нӕфӕцудгӕ бындур.

16 Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan