Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Тимофеймӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Кувыны тыххӕй

1 Фыццаджыдӕр курын, цӕмӕй куват, курат, лӕгъстӕ ӕмӕ арфӕ кӕнат Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмы,

2 уыимӕ — паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт хицӕутты тыххӕй дӕр, цӕмӕй ӕнцад-ӕнцойӕ ӕмӕ ӕнӕмастӕй, Хуыцауыл ӕнувыдӕй кад ӕмӕ радимӕ цӕрӕм.

3 Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн —

4 фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад.

5 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти.

6 Ӕппӕт адӕмы балхӕнынӕн Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, — афон кӕй ӕрцыд, уый нысанӕн.

7 Уымӕ гӕсгӕ Уый мӕн сӕвӕрдта Хуыцауы ныхас хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ — ӕцӕг зӕгъын, нӕ сайын! — уырнындзинад ӕмӕ ӕцӕгад амонӕгӕй.

8 Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.

9 Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ,

10 фӕлӕ, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн цы ӕмбӕлы, уыдӕттӕй — сӕ хорз хъуыддӕгтӕй.

11 Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕдзӕмӕй, иудадзыг коммӕгӕсӕй;

12 нӕлгоймагӕн зонд амоныны ӕмӕ йыл ӕлдариуӕг кӕныны бар та йын нӕ дӕттын — уӕд ӕдзӕм.

13 Уымӕн ӕмӕ раздӕр Адамы сфӕлдыстӕуыд, уый фӕстӕ та — Евӕйы.

14 Сайд дӕр Адамыл не ’рцыд — сылгоймагыл ӕрцыд сайд, ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын.

15 Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan