1 Тимофеймӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Павелӕй, Хуыцауы, нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, ӕмӕ не ’нхъӕлц Йесо Чырыстийы фӕндӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй. 2 Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. Мӕнг ахуырӕдты тыххӕй 3 Македонимӕ куы цыдтӕн, уӕд дӕм ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй Эфесы баззайай ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕн бафӕдзӕхсай, цӕмӕй мауал хӕлиу кӕной дзыллӕйы ӕхсӕн мӕнг ахуырӕдтӕ 4 ӕмӕ ныууадзой ӕрымысгӕ хабӕрттӕ, стӕй рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты ӕнӕкӕрон койтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн нӕй фӕуӕн, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн — уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн. 5 Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад. 6 Иуӕй-иутӕ фӕиппӕрд сты уыцы фӕндагӕй ӕмӕ схӕцыдысты ӕнӕпайда дзӕнгӕдайыл. 7 Динамонджытӕ суой, уый сӕ фӕнды, фӕлӕ, цы дзурынц, уый дӕр не ’мбарынц, стӕй, цӕуыл баууӕндын кӕныныл архайынц, уый дӕр. 8 Мах та зонӕм: Моисейы Ӕгъдау хорз у, йӕхӕдӕг куыд домы, афтӕ дзы куы пайда кӕнай, уӕд. 9 Ома, Ӕгъдау рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыдонӕн фыст у — хиваст, ӕнаккаг, ӕнӕхуыцау, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕн, сыгъдӕгдзинад ницӕмӕдарджытӕн, фыд кӕнӕ мадмӕ йӕ къух сисджытӕн, лӕгмартӕн, 10 хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн. 11 Уыцы ахуырад цӕуы арфӕйаг Хуыцауы кадыл дзурӕг Фарны Уацӕй — мӕнӕн кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уымӕй. Бузныджы куывд 12 Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй, 13 кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не ’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн. 14 Нӕ Бардарӕг мын рӕдауӕй бахай кодта Йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нӕхи чи свӕййы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй. 15 Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн. 16 Ӕмӕ мын хатыргонд дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йесо Чырысти фыццаг мӕныл равдиса, куыд бирӕбыхсаг у, уый — чи Йыл баууӕнда ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи райса, уыдонӕн дӕнцӕгӕн. 17 Ӕнусон Паддзахӕн — цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн — кад ӕмӕ намыс уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен. 18 Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау. 19 Уӕд дӕм уырнындзинад ӕмӕ у хӕдӕфсарм. Иуӕй-иутӕ нӕ бакастысты се ’фсармы коммӕ ӕмӕ уый аххосӕй адзӕгъӕл сты уырнындзинадӕй. 20 Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон сайтаны бар, цӕмӕй Хуыцауы фауын ферох кӕной. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia