1 Петр 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЗонды ныхас аргъуаны хистӕртӕн 1 Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы хъизӕмӕрттӕн ӕвдисӕн ӕмӕ, цы кад хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ: 2 сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй — Хуыцауӕн фӕндонӕй. 3 Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг. 4 Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ’рцӕуа, уӕд райсдзыстут кады ӕнусон хӕрзиуӕг. 5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты». 6 Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн. 7 Уе ’ппӕт сагъӕстӕ бакӕнут Йӕ бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ мӕт сымахыл у. Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕуут 8 Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты. 9 Фидар уырнындзинадимӕ ӕрлӕуут йӕ ныхмӕ — уе ’фсымӕртӕ дӕр ӕппӕт дунейы ахӕм тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сымах зонут. 10 Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. 11 Уый паддзахиуӕг кӕнӕд мыггагмӕ! Аммен. Кӕронбӕттӕн 12 Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл. 13 Саламтӕ уын ӕрвитынц, сымахау Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, Вавилоны уыцы аргъуан, стӕй мӕ хъӕбул Марк. 14 Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон уарзты байӕ. Фарн уе ’ппӕтӕн дӕр — Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia