Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Петр 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Зондамынд лӕг ӕмӕ усӕн

1 Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, кӕсут уӕ лӕгты коммӕ, Хуыцауы Дзырдыл дзы йӕхи чи тигъ кӕны, цӕмӕй уыдонӕн зӕгъын дӕр ма бахъӕуа, афтӕмӕй йыл баууӕндой, сӕ бинойнӕгты цардмӕ кӕсгӕйӕ,

2 уымӕн ӕмӕ фендзысты, сымах кӕй цӕрут сыгъдӕгӕй ӕмӕ уӕм кӕй ис Хуыцауы тас.

3 Уӕ рӕсугъддзинад ӕддаг бакастӕй — дзыккуты фаст, сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ ӕмӕ аив дарӕсӕй — ма уӕд,

4 фӕлӕ уӕ зӕрдӕйы уаг, Хуыцауы цӕсты бӕрзонд ӕвӕрд чи у, уыцы сабыр ӕмӕ ӕвӕлмон удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинадӕй.

5 Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыцы сыгъдӕг сылгоймӕгтӕ дӕр рагзаманы фидауцджын уыдысты, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уымӕй.

6 Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йе ’лдар. Кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ уыл фӕстӕмӕ ницавӕр тас хӕцы, уӕд Саррӕйы хъӕбултӕ стут.

7 Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Нымайут сӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх — мыггагмӕйы цард. Уӕд уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн.


Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй

8 Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.

9 Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.

10 Уымӕн ӕмӕ «тӕхудиаг цардӕй цӕрын, амондджын бонтӕ ӕрвитын кӕй фӕнды, уый ма уӕд маргӕвзаг, йӕ дзыхӕй ма рацӕуӕд мӕнг ныхас,

11 ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ.

12 Бардарӕг уыны рӕстгӕнджыты ӕмӕ сын хъусы сӕ куывд; фыдгӕнджытӕн та Хуыцау сӕ ныхмӕ у».

13 Хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын фыдбылыз чи хъуамӕ сараза?

14 Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе ’фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.


Хуыцауыл фӕдзӕхсут уӕхи

15 Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн — уӕ Бардарӕгӕн. Уӕ ныфсы бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.

16 Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.

17 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй иугӕр хъизӕмар бавзаргӕ куы уа, уӕд ӕй ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй бавзар.

18 Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.

19 Уды хъомысимӕ ацыд ӕмӕ пехуымпариуӕг кодта ахст удтӕн, —

20 кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй — аст адӕймаджы — фервӕзтысты доны фӕрцы.

21 Уыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та у буары чъизи ӕрӕхсын нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыны тыххӕй зӕрдӕ бавӕрын. Донаргъуыд абон сымах ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы —

22 Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan