Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Петр 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, — Понты, Галатийы, Каппадокийы, Азийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм.

2 Нӕ Фыд Хуыцау зыдта рагацау ӕмӕ уӕ срухс кодта Йӕ Удӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ ссыгъдӕг уат Йӕ Тугӕй. Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, ахӕм арфӕ уӕ уӕд.


Уырнындзинад фӕлварын

3 Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн —

4 фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн.

5 Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕрон.

6 Ӕмӕ цин кӕнут уыдӕтты тыххӕй, ныртӕккӕ уӕ алыхуызон фӕлварӕнты исдуг хъыг бавзарын куы бахъӕуы, уӕд дӕр.

7 Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.

8 Сымах уӕхи цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм.

9 Уымӕн ӕмӕ уӕ къухы ӕфты, уырнындзинад сымах цӕмӕ хъуамӕ ӕркӕна, уый — уӕ удты ирвӕзындзинад.

10 Уыцы ирвӕзындзинад иртӕстой пехуымпартӕ ӕмӕ рагагъоммӕ загътой, сымахӕн нысангонд цы хорзӕх уыди, уый тыххӕй.

11 Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл.

12 Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.


Ут сыгъдӕг

13 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.

14 Ут коммӕгӕс хъӕбултау — Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уӕм цы монцтӕ уыди, уыдоны фӕдыл ма цӕут,

15 фӕлӕ уӕ Ӕрхонӕг куыд сыгъдӕг у, уӕхӕдӕг дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут афтӕ сыгъдӕг.

16 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз сыгъдӕг дӕн».

17 Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕсты уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа.

18 Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй нӕ,

19 фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.

20 Уый сӕвзӕрстӕуыд дуне сфӕлдисыны размӕ, ӕмӕ сымах сӕраппонд раргом рӕстӕджы кӕрон.

21 Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.


Уарзут кӕрӕдзийы

22 Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.

23 Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы.

24 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,

25 Дунедарӕджы дзырд та баззайдзӕн ӕнустӕм». Уыцы Дзырд та, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый у!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan