1 Паддзахӕдтӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСаулы фембӕлд Самуелимӕ 1 Бениамины зӕххыл царди иу лӕг, йӕ ном — Киш, Бениамины мыггагӕй, нымад адӕймаг. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Авиел, Церор, Бехорат, Афиах. 2 Кишӕн уыди фырт, йӕ ном — Саул, ӕвзонг ӕмӕ хӕрзконд лӕппу. Израилӕгтӕм уымӕй уындджындӕр ничи уыди. Уыимӕ ахӕм бӕрзонд уыд, ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмӕй йӕ роцъомӕ дӕр ничи ӕххӕссыд. 3 Иуахӕмы Кишӕн йӕ сыл хӕрджытӕ фесӕфтысты, ӕмӕ йӕ фырт Саулӕн загъта: «Ӕххуырстытӕй искӕй демӕ акӕн ӕмӕ уыцы хӕрджыты бацагур». 4 Саул йе ’ххуырстимӕ ӕрзылдис Ефремы хӕхбӕстӕ ӕмӕ Шалишайы зӕххыл, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Шаалимы зӕххыл сӕ фӕцагуырдтой, ӕмӕ уым дӕр нӕ разындысты. Афтӕ — Бениамины зӕххыл дӕр, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы. 5 Цуфы зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд Саул йе ’ххуырстӕн загъта: «Аздӕхӕм фӕстӕмӕ, науӕд мӕ фыды зӕрдӕ хӕрджыты бӕсты махмӕ ӕхсайын райдайдзӕн». 6 Фӕлӕ йын ӕххуырст загъта: «Ацы сахары ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, тынг ӕй нымайынц, цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст вӕййы. Цӕй ӕмӕ уымӕ бацӕуӕм. Чи зоны, ӕмӕ нын бацамона, цавӕр фӕндагыл нын цӕугӕ у, уый». 7 Уӕд Саул йе ’ххуырстӕн афтӕ: «Бацӕуӕм ӕм, фӕлӕ йын хӕсгӕ та цы бакӕндзыстӕм? Ӕгӕрыстӕмӕй нӕ хордзенты дзул дӕр куы нал ис. Лӕварӕн ын немӕ цы айсӕм, уый дӕр нӕм нӕй. Цы нӕм ис?» 8 Ӕххуырст загъта Саулӕн: «Мӕнӕ мӕм ӕвзисты шекелы цыппӕрӕм хай ис, ӕмӕ йӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн ратдзынӕн, цӕмӕй нын фӕндаг бацамона». 9 (Раздӕр-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕндон базонынмӕ куы цыд, уӕд-иу афтӕ дзырдтой: «Цом зонынджынмӕ», уымӕн ӕмӕ, ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр зонынджын хуыдтой.) 10 «Гъемӕ хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕнӕм», — загъта Саул йе ’ххуырстӕн. Ӕмӕ араст сты, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг кӕм царди, уыцы сахармӕ. 11 Сахармӕ фӕндагыл, къуылдымыл, куы фӕхӕрд кодтой, уӕд амбӕлдысты дондзау чызджытыл ӕмӕ сӕ бафарстой: «Зонынджын ам ис ӕви нӕ?» 12 Уыдон дзуапп радтой: «Ам ис. Ӕмраст ацӕут. Ӕрмӕст тагъддӕр. Абон ӕрбацыди сахармӕ, уымӕн ӕмӕ адӕм абон уӕлӕ кувӕн къуыбырыл нывонд хӕссынц. 13 Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд ӕй уайтагъд ссардзыстут. Фӕтагъд кӕнут, цалынмӕ кувӕн къуыбырмӕ нӕма ссыди куывдмӕ, уӕдмӕ. Ӕнӕ уымӕй куывддзау адӕм нӕ саходдзысты — уый нывонд куы ныххӕлар кӕна, ӕрмӕст уӕд райдайдзысты хӕрын. Цӕут ӕмӕ йӕ баййафдзыстут». 14 Сахармӕ куыд бацыдысты, афтӕ Самуел дӕр кувӕн къуыбырмӕ рараст ӕмӕ сӕ размӕ фӕци. 15 Ныр, Саул куы ’рбацыд, уый размӕ бон Дунедарӕг фехъусын кодта Самуелӕн: 16 «Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст». 17 Самуел Саулы куы ауыдта, уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ ис, кӕй кой дын кодтон, уыцы лӕг. Уый кӕндзӕни паддзахиуӕг Мӕ адӕмӕн». 18 Саул Самуелмӕ бацыд кулдуары размӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Зонынджыны хӕдзар кӕм ис, уый мын нӕ бацамондзынӕ?» 19 Самуел ын загъта: «Зонынджын ӕз дӕн. Мӕ разӕй кувӕн къуыбырмӕ ссу, абон мемӕ саходдзыстут. Райсом дӕ фӕндараст куы кӕнон, уӕд та дын дзуапп ратдзынӕн, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн. 20 Ӕртӕ боны размӕ дӕ цы сыл хӕрджытӕ фесӕфт, уыдоныл ма тыхс: разындысты. Ис ахсджиагдӕр хъуыддаг: Израилы хӕзнатӕ иууылдӕр сты дӕу ӕмӕ дӕ мыггаджы хай». 21 Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Израилы цыбырдӕр хӕдзарвӕндагӕй куы дӕн — Бениамины байзӕддаг. Мӕ мыггаг дӕр Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ тӕккӕ гыццылдӕр куы у, уӕд мын уый куыд зӕгъыс?» 22 Самуел Саулы ӕмӕ ӕххуырсты уазӕгдонмӕ акодта ӕмӕ сӕ хуынд адӕмы уӕле сбадын кодта. Хуынд адӕм уыдысты дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц. 23 Самуел хӕринаггӕнӕгӕн загъта: «Цы хай дӕм радтон, бафснай йӕ, зӕгъгӕ, уый-ма рахӕсс». 24 Хӕринаггӕнӕг рахаста сгуы ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Самуел Саулӕн загъта: «Мӕнӕ, дӕуӕн кӕй бавӕрын кодтон, уыцы хай. Дӕ хорзӕхӕй, ӕрӕвнал ӕмӕ саход. Куывддонтӕм куы фӕдзырдтон, уӕдӕй тӕккӕ ацы сахаты онг дӕу тыххӕй ӕвӕрд уыд». Афтӕ уыцы бон Саул ӕмвынг уыди Самуелимӕ. Самуел байсӕрста Саулы, цӕмӕй паддзах суа 25 Къуыбырӕй ӕрцыдысты сахармӕ. Саулӕн уӕлхӕдзар бауат кодтой, ӕмӕ схуыссыди. 26 Райсомӕй сӕуӕхсидыл Самуел Саулмӕ уӕлхӕдзармӕ сдзырдта: «Сыст, ӕмӕ дӕ афӕндараст кӕнон». Саул сыстад, ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр хӕдзарӕй рацыдысты. 27 Сахары кӕронмӕ куы рахӕццӕ сты, уӕд Самуел Саулӕн загъта: «Ӕххуырстӕн зӕгъ, ӕмӕ нӕ разӕй цӕуа. Ды та ӕрлӕуу, ӕмӕ дын ӕз фехъусын кӕндзынӕн Хуыцауы фӕндон». Ӕххуырст ацыди сӕ разӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia