1 Паддзахӕдтӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраилӕгтӕ курынц Самуелӕй, цӕмӕй сын сӕ сӕргъы паддзах сӕвӕра 1 Самуел куы базӕронд, уӕд Израилӕн фӕтӕгтӕй сӕвӕрдта йӕ фыртты. 2 Йӕ хистӕр фырты ном уыди Иоел, кӕстӕры ном — Авийа. Тӕрхон кодтой Беер-Шевӕйы. 3 Фӕлӕ уыдон сӕ фыды фӕндагыл нӕ цыдысты: мулкӕй нӕ зыдтой ӕфсис, истой гӕртам, кодтой галиу тӕрхон. 4 Уӕд Израилы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Рамайы сахармӕ ӕрцыдысты Самуелмӕ. 5 Загътой йын: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндагыл лӕуд не сты. Гъемӕ, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ махӕн дӕр нӕ сӕргъы паддзах сӕвӕр, ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна». 6 Паддзах нын сӕвӕр ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна, зӕгъгӕ, кӕй загътой, уый Самуелы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта. 7 Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг. 8 Мысырӕй сӕ куы рахуыдтон, уыцы бонӕй нырмӕ Мӕнӕн алкӕддӕр куыд кодтой — ныууагътой-иу Мӕ ӕмӕ лӕггад кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, — ныр дӕуӕн дӕр афтӕ кӕнынц. 9 Гъемӕ сӕм байхъус. Ӕрмӕст сын бӕлвырд радзур, фидӕны паддзах сын хицауиуӕг куыд кӕндзӕни, уый». 10 Паддзахы сӕвӕрын дзы чи домдта, уыцы Самуел рафӕзмыдта Дунедарӕджы ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр 11 ӕмӕ загъта: «Уӕ сӕргъы цы паддзах лӕууа, уый уын хицауиуӕг кӕндзӕни мӕнӕ афтӕ: уӕ фыртты уын байсдзӕн ӕмӕ дзы иуты бафтаудзӕн йӕ тохуӕрдӕттыл, иннӕты — йӕ бӕхӕфсадыл, аннӕтӕ та уыдзысты паддзахы барджытӕ ӕмӕ йӕ уӕрдоны разӕй уайдзысты. 12 Иуты йе ’фсады минонтӕ ӕмӕ фӕндзайонты хицӕуттӕй сӕвӕрдзӕн, иннӕтӕ йын кӕндзысты хуым ӕмӕ йын ӕфснайдзысты йӕ тыллӕг, аннӕтӕ та йын араздзысты хотыхтӕ ӕмӕ ифтонг кӕндзысты тохуӕрдӕттӕ. 13 Уӕ чызджыты дӕр уын байсдзӕн, цӕмӕй аразой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, кӕной хӕринаг, кӕной кӕрдзын. 14 Байсдзӕн уын уӕ быдыртӕ, уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕйы дыргъдӕтты хуыздӕртӕ ӕмӕ сӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн ратдзӕн. 15 Уӕ быдыртӕ ӕмӕ уын уӕ сӕндӕтты тыллӕгӕн райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ йӕ ратдзӕн йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн. 16 Байсдзӕн уын уӕ цагъарты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, йӕхи бакӕндзӕн уе стуртӕ ӕмӕ уӕ хӕрджыты хуыздӕрты ӕмӕ сӕ йӕхицӕн кусын кӕндзӕн. 17 Уӕ лыстӕг фосӕн дӕр райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай. Уе ’ппӕт дӕр ын уыдзыстут цагъартӕ. 18 Уӕд ныккӕрздзыстут ӕмӕ хъаст кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзах равзӕрстат, уымӕй, фӕлӕ уӕм Дунедарӕг нал ӕрыхъусдзӕн». 19 Адӕм ницӕмӕ ӕрдардтой Самуелы ныхӕстӕ. Загътой: «Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы! 20 Уӕд мах дӕр уыдзыстӕм ӕппӕт адӕмты хуызӕн: нӕ паддзах кӕндзӕни хицауиуӕг дӕр ӕмӕ уыимӕ уыдзӕни нӕ хӕстон фӕтӕг дӕр». 21 Самуел фӕхъуыста адӕмы ныхӕстӕм ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн рафӕзмыдта. 22 Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Сразы у семӕ, сӕвӕр сын паддзах». Ӕмӕ загъта Самуел израилӕгтӕн: «Алчидӕр уӕ йӕ сахармӕ ацӕуӕд». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia