1 Паддзахӕдтӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФидыды Чырын Израилмӕ ӕрбаздӕхт 1 Дунедарӕджы Фидыды Чырын Филистимы зӕххыл фӕци авд мӕйы. 2 Филистимӕгтӕ фӕдзырдтой сауджынтӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы бакӕнӕм Дунедарӕджы Фидыды Чырынӕн? Бацамонут нын, йӕ бынатыл ӕй куыд сӕмбӕлын кӕнӕм, уый». 3 Уыдон загътой: «Кӕд Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрвитинаг стут, уӕд ӕй ӕнӕ ницӕмӕй ма ауадзут, фӕлӕ уыцы Хуыцауӕн уӕ аххосы ныхмӕ ӕнӕмӕнг нывонд ӕрхӕссут. Уӕд сдзӕбӕх уыдзыстут ӕмӕ базондзыстут, цӕй тыххӕй уӕ ӕфхӕры, уый». 4 Бафарстой та сӕ: «Цавӕр нывонд Ын хъуамӕ ӕрхӕссӕм?» Загътой сын: «Филистимаг ӕлдӕртты нымӕцмӕ гӕсгӕ фондз сыгъзӕрин къуызыры ӕмӕ фондз сыгъзӕрин мысты. Уымӕн ӕмӕ сымах дӕр ӕмӕ уе ’лдӕрттӕ дӕр иу ӕфхӕрд баййӕфтат. 5 Уӕдӕ саразут сыгъзӕринӕй уӕ сынчъытӕ ӕмӕ, уӕ зӕхх уын цы мыстытӕ гӕныстон кӕнынц, уыдоны фӕлгонцтӕ, ӕмӕ сӕ Израилы Хуыцауӕн снывонд кӕнут. Чи зоны, ӕмӕ уын уӕд уӕхи дӕр, уӕ хуыцӕутты дӕр ӕмӕ уӕ зӕхх дӕр мауал ӕфхӕра. 6 Цӕмӕн стут Мысыры адӕм ӕмӕ фараоны хуызӕн хиваст? Израилы Хуыцау сыл Йӕ хъару куы бавзӕрста, уӕд уыдон дзуттӕгты куы ауагътой! 7 Ӕрцӕттӕ кӕнут ног уӕрдон ӕмӕ, ӕфсондз чи нӕма федта, ахӕм дыууӕ дуцгӕ хъуджы, уӕрдоны сӕ баифтындзут, сӕ родты та сын скъӕты бакӕнут. 8 Райсут Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ уӕрдоны сӕвӕрут, уӕ аххосы тыххӕй Йын цы сыгъзӕрин дзауматӕ снывонд кӕнат, уыдон та Чырыны фарсмӕ къоппы нывӕрут. Стӕй-иу Чырын арвитут, уадз ӕмӕ цӕуа. 9 Кӕсут-иу: кӕд ӕмӕ йӕхи бӕстӕм, Бет-Шемешмӕ цӕуа, уӕд нын ацы стыр фыдбылыз Израилы Хуыцау ракодта, кӕд нӕ, уӕд та йӕ зондзыстӕм: мах ӕфхӕрд Уый къухӕй нӕ баййӕфтам, фӕлӕ ныл ацы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд». 10 Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ дыууӕ дуцгӕ хъуджы баифтыгътой уӕрдоны, сӕ родты та сын скъӕты ныууагътой. 11 Уӕрдоны сӕвӕрдтой Дунедарӕджы Фидыды Чырын, стӕй, сыгъзӕрин мыстытӕ ӕмӕ къуызыртӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп. 12 Стуртӕ сӕ ных комкоммӕ Бет-Шемешмӕ сарӕзтой. Уасгӕ цыдысты уыцы иу фӕндагыл, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхтысты, нӕдӕр рахизӕрдӕм. Филистимы ӕлдӕрттӕ сӕ фӕдыл цыдысты суанг Бет-Шемешы арӕны онг. 13 Бет-Шемешы цӕрджытӕ дӕлвӕзы мӕнӕу карстой. Фидыды Чырын куы федтой, уӕд бацин кодтой. 14 Уӕрдон Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдырмӕ бахӕццӕ ӕмӕ стыр дуры цур ӕрлӕууыд. Уыцы ран уӕрдон сугӕн ныссастой ӕмӕ хъуццыты Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхастой. 15 Уый размӕ левиттӕ уӕрдонӕй ӕристой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ йемӕ цы сыгъзӕрин дзауматы къопп уыд, уый ӕмӕ сӕ стыр дурыл ӕрӕвӕрдтой. Уыцы бон Бет-Шемешы адӕм Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ Йын Йӕ номыл кусӕрттӕ фӕкодтой. 16 Филистимы фондз ӕлдары уыдӕттӕ куы федтой, уӕд уыцы бон аздӕхтысты Екронмӕ. 17 Филистимӕгтӕ Дунедарӕгӕн, сӕ аххос хынцгӕйӕ, цы сыгъзӕрин къуызыртӕ снывонд кодтой, уыдон уыдысты: иу — Ашдоды, иу — Газӕйы, иу — Ашкелоны, иу — Гаты, иу та — Екроны тыххӕй. 18 Цы сыгъзӕрин мыстытӕ снывонд кодтой, уыдон та уыдысты, фондз ӕлдарӕн дӕлбар чи уыди, уыцы филистимаг сахарты нымӕцмӕ гӕсгӕ — бырухгӕд чи уыди, канд уыцы сахартӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕбыру хъӕуты тыххӕй дӕр. Дунедарӕджы Фидыды Чырын цы стыр дурыл ӕрӕвӕрдтой, уый ныр дӕр ма лӕууы Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдыры. Фидыды Чырын хаст ӕрцыди Кирйат-Иариммӕ 19 Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта. 20 Бет-Шемешы цӕрджытӕ загътой: «Ацы стыр Хуыцауы раз, Дунедарӕджы раз, кӕй бон у ӕрлӕууын? Йӕ Фидыды Чырын хъуамӕ ацӕуа махӕй, фӕлӕ кӕдӕм?» 21 Минӕвӕрттӕ арвыстой Кирйат-Иаримы цӕрджытӕм, цӕмӕй сын зӕгъой: «Филистимӕгтӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ раздӕхтой. Рацӕут ӕмӕ йӕ уӕхимӕ ахӕссут». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia