Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дунедарӕг ӕфхӕры филистимӕгты

1 Филистимӕгтӕ Хуыцауы Фидыды Чырын куы байстой, уӕд ӕй Евен-Езерӕй Ашдодмӕ

2 сӕ хуыцау Дагоны кувӕндонмӕ ахастой ӕмӕ йӕ уым Дагоны фарсмӕ ӕрӕвӕрдтой.

3 Уый фӕстӕ бон, сӕумӕраджы, Ашдоды цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы. Систой йӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой.

4 Уый фӕстӕ бон дӕр та райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ армы — къуырд ӕмӕ къӕсӕрыл ӕппӕрст. Дагонӕн ма баззад ӕрмӕст йӕ гуыр.

5 Уымӕ гӕсгӕ Дагоны сауджынтӕн, стӕй Ашдодмӕ Дагоны кувӕндонмӕ цӕуджытӕн абоны онг дӕр фӕткӕн баззад — йӕ къӕсӕрыл ын къахӕй нал ӕрлӕууынц, афтӕмӕй йӕ сӕрты бахизынц.

6 Дунедарӕг тынг ӕрӕлхъывта Ашдоды цӕрджыты, стыр тас сӕ бауагъта. Сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ алфамбылай цӕрджыты буар дӕр сынкъ фестын кодта.

7 Уый фенгӕйӕ, Ашдоды адӕм загътой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын махмӕ мауал уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы Хуыцау ӕгӕр карз у махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хуыцау Дагонӕн дӕр».

8 Арвыстой ӕмӕ Филистимы ӕлдӕртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы уынаффӕ кӕнӕм Израилы Хуыцауы Фидыды Чырынӕн?» Уыдон загътой: «Гатмӕ хаст ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ Фидыды Чырын Гатмӕ ахастой.

9 Куыддӕр бахӕццӕ ис, афтӕ Дунедарӕг Гаты сахарыл фыд азар бафтыдта. Сахары цӕрджытӕн сӕ буар — стырӕй, чысылӕй — къуызыртӕй нал зынди.

10 Уыйадыл Хуыцауы Фидыды Чырын Екронмӕ арвыстой. Екроны цӕрджытӕ йӕ куы федтой, уӕд нырдиаг кодтой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын нӕм ӕрбахастой, цӕмӕй быныскъуыд фӕуӕм».

11 Фӕдзырдтой Филистимы ӕлдӕрттӕм ӕмӕ сын загътой: «Арвитут Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын, уадз ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕла, науӕд сӕфӕм — адӕм мыггагыскъуыд фӕуыдзысты». Ӕппӕт сахайрӕгты дӕр бацыди мӕлӕтдзаг тас, Хуыцау сӕ Йӕ азары хай бакодта.

12 Сахары цӕрджытӕй ма удӕгас чи уыди, уыдонӕн сӕ буар къуызыртӕй нал зынд, ӕмӕ адӕм ӕххуысагур дзынӕзтой уӕлӕрвтӕм.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan