Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Саулы мӕлӕт

1 Филистимӕгтӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ, ӕмӕ Израилы хӕцӕг адӕм лидзӕг фесты. Бирӕтӕ дзы цӕфтӕй баззадысты Гилбоайы хохы фӕхстыл.

2 Филистимӕгтӕ фӕсте асырдтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты ӕмӕ амардтой Ионатан, Авинадав ӕмӕ Малкишуайы, Саулы фыртты.

3 Саулы ныхмӕ тох стынг ис. Фатӕхсджытӕ йӕм баввахс сты ӕмӕ йӕ уӕззау цӕфтӕ фӕкодтой.

4 Саул йӕ хотыхдарӕн загъта: «Дӕ кард слас ӕмӕ мӕ амар, науӕд ныртӕккӕ ацы ӕнӕсунӕттӕ ам ӕрбалӕудзысты, кард мӕ ныссадздзысты ӕмӕ мын мӕ удӕй фӕхъаздзысты». Фӕлӕ хотыхдар тынг фӕтарсти ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ бакаст. Уӕд Саул йӕ карды фистон зӕхмӕ фӕбыцӕу кодта ӕмӕ йын йӕ фындзыл ӕрхауд.

5 Хотыхдар Саулы мардӕй куы федта, уӕд уый дӕр йӕ карды фындзыл ныппӕрста йӕхи ӕмӕ амарди йӕ цуры.

6 Афтӕ уыцы иу бон фӕмард сты Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты, стӕй йӕ хотыхдар ӕмӕ йӕ адӕм се ’ппӕт дӕр.

7 Изреелы дӕлвӕз ӕмӕ Иорданы фале цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.

8 Дыккаг бон филистимӕгтӕ фӕзындысты мӕрдты стигъынмӕ ӕмӕ Гилбоайы хохыл мардӕй ссардтой Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты.

9 Саулӕн йӕ сӕр ракодтой, йӕ гӕрзтӕ йын раппӕрстой ӕмӕ сӕ филистимӕгты зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ фӕластой, уӕлахизы уац сӕ гуымирытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ.

10 Саулы хотыхтӕ Астартӕйы кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ мард та йын Бет-Шеаны сисыл ӕрцауыгътой.

11 Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый

12 ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй Бет-Шеанмӕ фӕдисы ацыдысты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ Бет-Шеаны сисӕй Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ӕристой. Ӕрбахастой сӕ Иавешмӕ ӕмӕ сӕ уым басыгътой,

13 се стджытӕ та сын Иавешмӕ ӕввахс тамариск бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan