1 Паддзахӕдтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДунедарӕг раргом ис Самуелмӕ 1 Ӕвзонг Самуел Елиайӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кодта Дунедарӕгӕн. Уыцы заман арӕх нӕ хъуысти Дунедарӕджы ныхас, Йӕхи ӕргом кодта стӕм хатт. 2 Иу хатт Елиа хуыссыди йӕ уаты. Йӕ цӕстырухс мынӕг кӕнын райдыдта, гӕзӕмӕ ма уыдта. 3 Самуел дӕр хуыссыди Дунедарӕджы кувӕндоны, Хуыцауы Фидыды Чырын кӕм уыди, уым. Кувӕндоны цырагъ ма судзгӕ кодта. 4 Дунедарӕг фӕсидти Самуелмӕ, ӕмӕ уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!» 5 Елиамӕ бауад ӕмӕ йын загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: «Ӕз дӕм нӕ дзырдтон. Цу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс». Самуел ацыд ӕмӕ схуыссыд. 6 Дунедарӕг та йӕм ногӕй фӕсидти. Самуел сыстад, Елиамӕ бацыд ӕмӕ та йын загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕм нӕ дзырдтон, мӕ хъӕбул. Цу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс». 7 Уӕд Самуел Дунедарӕджы нӕма зыдта, Дунедарӕджы дзырд ын нӕма раргом. 8 Дунедарӕг та йӕм ӕртыккаг хатт дӕр фӕсидти. Самуел сыстад, Елиамӕ бацыд ӕмӕ та загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Уӕд Елиа бамбӕрста, лӕппумӕ Дунедарӕг кӕй дзырдта, уый, 9 ӕмӕ загъта Самуелӕн: «Ацу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс. Куы ма дӕм дзырдӕуа, уӕд-иу зӕгъ: „Дзур, Дунедарӕг, хъусы Дӕм Дӕ цагъар“». Самуел ацыд ӕмӕ йӕ бынаты схуыссыд. 10 Дунедарӕг ӕрбацыди, ӕрлӕууыд ӕмӕ та ногӕй фӕсидти: «Самуел! Самуел!» Самуел дзуапп радта: «Дзур, хъусы Дӕм Дӕ цагъар». 11 Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Израилы Ӕз ахӕм хъуыддаг саразынмӕ хъавын, ӕмӕ йӕ чи фехъуса, уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты. 12 Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ. 13 Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта. 14 Уымӕ гӕсгӕ Ӕз ард бахордтон, Елиайы хӕдзарвӕндаджы тӕригъӕдтӕ барст кӕй никуы ӕрцӕудзысты — нӕдӕр нывӕндтӕ, нӕдӕр хуынты фӕрцы». 15 Самуел та схуыссыд. Райсомӕй байгом кодта Дунедарӕджы хӕдзары дуӕрттӕ. Дунедарӕгӕй цы фехъуыста, уый нӕ уӕндыд Елиайӕн схъӕр кӕнын, 16 фӕлӕ Елиа Самуелмӕ фӕдзырдта: «Самуел, мӕ хъӕбул!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!» 17 Елиа загъта: «Цы дын загъта? Ма йӕ басусӕг кӕн, зӕгъ мын ӕй. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма дын ноджы фыддӕртӕ фӕуыдзӕни Хуыцау, цы дын загъта, уыдонӕй мӕ исты куы бамбӕхсай, уӕд». 18 Самуел ын ӕппӕт дӕр радзырдта, ницы дзы бамбӕхста. Уӕд Елиа загъта: «Уый Дунедарӕг у, ӕмӕ Йӕ зӕрды цы ис, уый ӕххӕст кӕны». Самуел сси Дунедарӕджы пехуымпар 19 Самуел ралӕг ис, ӕмӕ Дунедарӕг уыд йемӕ: Самуел цыдӕриддӕр загътаид — ӕрцыди-иу. 20 Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый. 21 Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕм Дунедарӕг Йӕхи дарддӕр дӕр ӕргом кодта Силомы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia