1 Паддзахӕдтӕ 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФилистимӕгты нӕ фӕнды, цӕмӕй Давид архайа Израилимӕ хӕсты 1 Филистимӕгтӕ се ’ппӕт ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд кодтой Афекмӕ, израилӕгтӕ та Изреелы сахармӕ хӕстӕг, суадоны цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. 2 Филистимаг ӕлдӕрттӕй алчи цыди йӕ сӕдӕгай ӕмӕ мингай хӕстонтимӕ, сӕ фӕстӕ — Ахишы ӕфсад, семӕ, кӕронӕй — Давид ӕмӕ йӕ адӕм. 3 Филистимаг ӕфсадхонтӕ дзырдтой: «Ацы дзуттӕгтӕ та ам цы архайынц?» Ахиш сын дзуапп радта: «Уый Давид у, израилаг паддзах Саулы цагъар. Ныр мӕм афӕдзӕй фылдӕр цӕры, ӕмӕ йӕм, куы ’рбалыгъд, уӕдӕй абонмӕ гуырысхойагӕй ницы бафиппайдтон». 4 Филистимӕгтӕ рамӕсты сты Ахишы уыцы ныхӕстӕм ӕмӕ йын загътой: «Арвит фӕстӕмӕ ацы лӕджы. Аздӕхӕд, цы бынат ын снысан кодтай, уырдӕм. Немӕ хӕстмӕ ма цӕуӕд, науӕд хӕсты быдыры нӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн. Йӕ хицауы зӕрдӕ цӕмӕй балхӕндзӕни, мӕнӕ йӕ нӕ адӕмы сӕртӕй куынӕ балхӕна, уӕд? 5 Кафгӕйӕ афтӕ кӕуыл зарыдысты: „Саул ныццагъта минтӕ, Давид та — дӕсгай минтӕ“, уыцы Давид нӕу, ӕви?» 6 Уӕд Ахиш Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ды ӕууӕнкджын лӕг дӕ, ӕмӕ мын ӕхсызгон уаид, ацы хӕстон балцы мемӕ куы цӕуис, уӕд. Ӕз дӕм де ’рбацыдӕй абонмӕ ӕвзӕрӕй ницы бафиппайдтон, фӕлӕ ӕлдӕртты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуыс. 7 Гъемӕ ныр фарнимӕ аздӕх ӕмӕ филистимаг ӕлдӕртты ма мӕсты кӕн». 8 Давид Ахишӕн загъта: «Цы ракодтон? Лӕггад дын кӕдӕй нырмӕ кӕнын, уӕдӕй тӕккӕ абонмӕ дӕ цагъармӕ гуырысхойагӕй цы бафиппайдтай? Цӕуылнӕ хъуамӕ ацӕуон мӕ бардарӕгӕн, мӕ паддзахӕн йе знӕгтимӕ хӕцынмӕ?» 9 Ахиш ын дзуапп радта: «Бӕгуыдӕр, ӕхцон мын дӕ Хуыцауы зӕдау, фӕлӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ загътой: „Немӕ хӕстмӕ ма цӕуӕд“. 10 Уымӕ гӕсгӕ тӕккӕ райсом сӕумӕйӕ аздӕх, демӕ чи ’рбацыди, уыдонимӕ, дӕ бардарӕджы цагъартимӕ. Куыддӕр срухс уа, афтӕ-иу араст ут». 11 Райсомӕй раджы Давид ӕмӕ йӕ адӕм аздӕхтысты филистимӕгты бӕстӕм. Филистимӕгтӕ та Изреелмӕ ссыдысты хӕцынмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia