Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтой се ’фсад Израилимӕ схӕцынмӕ. Ахиш загъта Давидӕн: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зондзынӕ, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр мемӕ хӕстмӕ цӕугӕ кӕй у, уый».

2 Давид ын дзуапп радта: «Гъеныр дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, дӕ цагъар цы бакӕндзӕн, уый». Ахиш загъта Давидӕн: «Гъемӕ дӕ нырӕй фӕстӕмӕ мӕхицӕн хъахъхъӕнӕгӕй исын».

3 Уӕдмӕ Самуел амарди. Фӕхъыг ыл кодтой Израилы адӕм, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Рамайы, йӕ сахары. Ныр Саул та бӕстӕйӕ фӕсырдта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныты.

4 Филистимӕгтӕ ӕмбырдӕй ӕрцыдысты Шунеммӕ ӕмӕ уым рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Саул дӕр фӕсидти ӕппӕт израилӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбынат кодтой Гилбоайы хохыл.

5 Саул филистимӕгты ӕфсад куы федта, уӕд фыр тӕссӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта.

6 Дунедарӕджы фарста, фӕлӕ йын Уый нӕдӕр фыны, нӕдӕр уримы руаджы, нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй лӕвӕрдта дзуапп.

7 Уӕд йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Ссарут мын мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг. Фӕцӕуон ӕм ӕмӕ йӕ бафӕрсон». Дзуапп ын радтой: «Мӕнӕ Ен-Доры ис мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг».

8 Саул, мачи мӕ базона, зӕгъгӕ, йӕ хуыз аивта, йӕ уӕлӕ скодта ӕндӕр дарӕс. Дыууӕ лӕджы йемӕ ракодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ӕхсӕвы бацыдысты. Саул ын загъта: «Кӕмӕй дын зӕгъон, уый мын мӕрдтӕй ракӕн ӕмӕ мын ӕй бафӕрс».

9 Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ды бӕгуыдӕр зоныс, Саул цы бакодта, уый. Бӕстыл мӕрдтӕмсидӕг ӕмӕ дӕсны куынӕуал ныууагъта, сӕ мыггаг сын куы сыскъуыдта, уӕд мӕ цӕмӕн сафыс, мӕ уд мын къӕппӕджы цӕмӕн ӕппарыс?»

10 Саул ын Дунедарӕгӕй расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ацы хъуыддаджы тыххӕй дыл ницы бӕллӕх ӕрцӕудзӕн».

11 Уӕд ӕй сылгоймаг бафарста: «Кӕй дын ракӕнон мӕрдтӕй?» Саул ын дзуапп радта: «Самуелы мын ракӕн».

12 Сылгоймаг куы ауыдта Самуелы, уӕд ныцъцъӕхахст кодта, стӕй Саулӕн загъта: «Цӕмӕн мӕ асайдтай? Ды Саул дӕ!»

13 Паддзах ын загъта: «Ма тӕрс. Цы уыныс?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Уынын, дӕлдзӕхӕй ссӕуы ӕндӕрг».

14 «Уындӕй цавӕр у?» — бафарста йӕ Саул. Уый загъта: «Ссӕуы зӕронд лӕг, йӕ уӕлӕ пӕлӕз, афтӕмӕй». Саул базыдта, Самуел кӕй у, уый ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом йӕ разы.

15 Самуел ӕй бафарста: «Цӕмӕн мӕ бахъыгдӕрдтай ӕмӕ мӕ цӕмӕн ӕрбацӕуын кодтай?» Саул ын загъта: «Уынгӕджы фӕдӕн филистимӕгтӕй: мӕ ныхмӕ хӕцынц, ӕмӕ мӕ Хуыцау дӕр Йе ’ргом аздӕхта. Нал мын дӕтты дзуапп нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй, нӕдӕр мӕ фыны. Уый тыххӕй дӕм фӕдзырдтон, цӕмӕй мын бацамонай, цы кӕнгӕ у, уый».

16 Самуел ын афтӕ: «Мӕн ма цы фӕрсыс, кӕд дӕ Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ де знаг сси, уӕд?

17 Дунедарӕг бакодта, зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрдта, уый: паддзахад дын дӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ ӕндӕрӕн, Давидӕн, радта,

18 уымӕн ӕмӕ ды Дунедарӕгмӕ нӕ байхъуыстай ӕмӕ Йын амалекӕгты Йӕ азарӕй бахызтай. Уый тыххӕй дын афтӕ бакодта Дунедарӕг абон.

19 Канд дӕу нӕ, фӕлӕ ӕгас Израилы дӕр Уый филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн. Райсом ды дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр февзӕрдзыстут, ӕз кӕм дӕн, уым. Израилы ӕфсад та филистимӕгты къухмӕ ратдзӕни Дунедарӕг».

20 Саул ӕваст ӕрхауд ӕмӕ зӕххыл адӕргъ ис. Тынг фӕтарсти Самуелы ныхӕстӕй. Стӕй йӕм хъару дӕр нал уыди, уымӕн ӕмӕ уыцы бон ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста.

21 Сылгоймаг бацыди Саулмӕ ӕмӕ йӕ тынг тарстхуызӕй куы федта, уӕд ын загъта: «Кӕсыс, дӕ цагъар дӕм байхъуыста. Мӕ удӕн тас у, уый зонгӕйӕ, уӕддӕр сӕххӕст кодтон, цы мын загътай, уый.

22 Ныр дӕ курын, байхъус ды дӕр дӕ цагъармӕ: цӕй, ӕмӕ дын иу къӕбӕр рахӕссон ӕмӕ саход, цӕмӕй фӕндаджы размӕ фӕхъуыртхъом уай».

23 Уый фыццаг нӕ разы кодта, нӕ бахӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕм йӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр ӕрхатыдысты, ӕмӕ сӕм байхъуыста. Сыстади зӕххӕй ӕмӕ сынтӕгыл ӕрбадти.

24 Сылгоймаг, йӕ хӕдзары цы хӕрзхаст уӕныг уыди, уый аргӕвдын кодта. Стӕй райста ссад, хыссӕ ракодта, донгонд дзултӕ афыхта

25 ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн фынг ацарӕзта. Уыдон бахордтой ӕмӕ тӕккӕ уыцы ’хсӕв сӕ фӕндагыл араст сты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan