Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давид ӕмӕ йӕ адӕм Гаты паддзах Ахишмӕ

1 Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».

2 Уыйадыл Давид йӕ адӕмимӕ, ӕхсӕзсӕдӕ лӕгимӕ, бацыди Маохы фырт Ахишмӕ, Гаты паддзахмӕ.

3 Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрцардысты Гаты, Ахишмӕ, алчидӕр — ӕд бинонтӕ. Давид царди йӕ дыууӕ усимӕ — изреелаг Ахиноамимӕ ӕмӕ Навалы идӕдз кармелаг Авигеамӕ.

4 Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд, Давид Гатмӕ алыгъди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ нал агуырдта.


Давиды лӕггад Ахишӕн

5 Давид Ахишмӕ бахатыд: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд мын чысыл сахартӕй иуы ратт бынат, ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзынӕн. Дӕ цагъар демӕ, паддзахы сахары, цӕмӕн хъуамӕ цӕра?»

6 Ахиш ын тӕккӕ уыцы бон радта Циклагы сахар. Уымӕ гӕсгӕ ныронг дӕр Циклаг у иудейаг паддзӕхты сахар.

7 Давид филистимӕгтӕм фӕци афӕдз ӕмӕ цыппар мӕйы.

8 Давид-иу йӕ адӕмимӕ стӕры ацыд, ӕмӕ-иу бабырстой гешурӕгтӕм, гирзӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм (уыдон цӕрынц Телаимӕй Шуры ӕдзӕрӕг быдыры онг, стӕй уырдыгӕй суанг Мысыры онг).

9 Давид гӕныстон кодта уыцы бӕстӕ ӕмӕ — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — се ’ппӕты дӕр мардта. Байста-иу сын сӕ фыстӕ, се стуртӕ, сӕ хӕрджытӕ, сӕ теуатӕ, сӕ дарӕс. Куы-иу раздӕхт ӕмӕ-иу Ахишмӕ куы бацыди,

10 уӕд-иу ӕй уый бафарста: «Кӕмӕ бабырстат ныр та?» Давид-иу ын дзуапп радта: «Негевмӕ, Иудейы зӕхмӕ», кӕнӕ: «Негевмӕ, йерахмеелонты зӕхмӕ», кӕнӕ та: «Негевмӕ, кенӕгты зӕхмӕ».

11 Давид-иу нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй се ’ппӕты дӕр амардта. Гатмӕ-иу дзы никӕй ӕрбакодта, науӕд, дам, нӕ банымудздзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта Давид». Ахӕм хъуыддӕгтыл хӕст уыд ӕдзухдӕр Давид, филистимӕгты зӕххыл куы царди, уӕд.

12 Ахиш ӕууӕндыди Давидыл ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Уый ахӕм уӕнгӕл фестад йӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕмӕ мын мыггагмӕ уыдзӕни лӕггадгӕнӕг».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan