1 Паддзахӕдтӕ 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавид дыккаг хатт дӕр фӕтӕригъӕд кодта Саулӕн 1 Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын загътой: «Давид йӕхи ӕмбӕхсы Йешимоны бакомкоммӕ Хакилайы къуыбырыл». 2 Саул Зифы ӕдзӕрӕг быдырмӕ Давиды агурӕг ныццыд. Йемӕ уыди ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕтӕ. 3 Саул рӕсӕнуаты ӕрлӕууыд Йешимоны акомкоммӕ, Хакилайы къуыбырыл, фӕндаджы цур. Уыцы рӕстӕг Давид та ӕдзӕрӕг быдыры уыди ӕмӕ, Саул йӕ фӕдыл кӕй зилы, уый куы фехъуыста, 4 уӕд арвыста сгарджытӕ ӕмӕ бӕстон базыдта, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый. 5 Давид бавдӕлд ӕмӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Саул ӕмӕ йе ’фсады хицау, Неры фырт Авнер, кӕм хуыссыдысты, уыцы бынат. Саул хуыссыди астӕуӕй, йӕ адӕм — йӕ алыварс. 6 Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ». 7 Давид ӕмӕ Авишай ӕхсӕвыгон Саулы рӕсӕнуатмӕ бахъуызыдысты. Саул фынӕй кодта рӕсӕнуаты астӕу, йӕ арц йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй зӕххы сагъд, афтӕмӕй, Авнер дӕр ӕфсадимӕ хуыссыдысты йӕ алыварс. 8 Авишай загъта Давидӕн: «Абон дын Хуыцау де знаджы дӕ къухтӕм радта. Цӕй ӕмӕ йӕ арцӕй зӕхмӕ ныххуыйон, дыккаг цӕф кӕнын мӕ нӕ бахъӕудзӕни». 9 Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн». 10 Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд! 11 Уый фӕлтау ын йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райс, ӕмӕ цом». 12 Давид Саулы нывӕрзӕны ’рдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райста, ӕмӕ ацыдысты. Ничи ницы федта, ничи ницы бафиппайдта, нӕдӕр Саул райхъал ис, нӕдӕр йӕ адӕмӕй исчи, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг се ’ппӕтыл дӕр тарф фынӕй бафтыдта. 13 Давид бахызти дӕлвӕзы иннӕ фарсмӕ ӕмӕ уым, хохы сӕр, Саулы рӕсӕнуатӕй дӕрддзӕф ран, ӕрлӕууыд, 14 стӕй ныхъхъӕр кодта Саулы ӕфсады ’рдӕм, Неры фырт Авнермӕ: «Дзуапп мын ратт, Авнер!» Дзуапп радта Авнер: «Чи дӕ уый? Куыд бауӕндыдтӕ паддзахмӕ ныхъхъӕр кӕнын?» 15 Давид загъта Авнерӕн: «Ды, Израилы ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы лӕг нӕ дӕ? Цӕуылнӕ бахъахъхъӕдтай дӕ бардарӕджы, дӕ паддзахы, чидӕр ӕм марынмӕ куы бацыд, уӕд? 16 Хорз нӕ бакодтай. Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй: уӕ паддзахы, Дунедарӕджы байсӕрсты, кӕй нӕ бахъахъхъӕдтат, уый тыххӕй мӕлӕты аккаг стут. Фен-ма, цы фесты паддзахы арц ӕмӕ доны дурын йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй». 17 Саул Давиды хъӕлӕс базыдта ӕмӕ загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Давид дзуапп радта: «О, мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах». 18 Ноджыдӕр ма загъта: «Мӕ паддзах йӕ цагъары фӕдыл цӕмӕн зилы? Цы ракодтон? Цӕмӕй дӕн аххосджын? 19 Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“. 20 Абон Дунедарӕгӕй дард ран, ӕдзӕрӕг быдыры, ма ныккӕлӕд мӕ туг! Израилы паддзах иунӕг ӕхсӕнкъ агурӕг рацыд, суры мӕ, раст цыма хуыргаркыл цуан кӕны хӕхты». 21 Саул ын загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн. Давид, мӕ хъӕбул, аздӕх фӕстӕмӕ, ницӕмӕйуал дӕ бафхӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон зынаргъыл банымадтай мӕ цард. Ӕнӕзонд митӕ кодтон ӕмӕ тынг фӕрӕдыдтӕн». 22 Давид дзуапп радта: «Мӕнӕ — паддзахы арц. Дӕ адӕмӕй исчи ӕрбацӕуӕд ӕмӕ йӕ айсӕд. 23 Дунедарӕг та алкӕмӕн дӕр йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕн аргъгӕнӕг фӕуӕд. Дунедарӕг дӕ абон мӕ къухмӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕн нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы байсӕрстмӕ мӕ къух сисын. 24 Абон мӕ цӕсты дӕ цард куыд зынаргъ уыд, афтӕ зынаргъ разынӕд мӕ цард дӕр Дунедарӕджы цӕсты, ӕмӕ мӕ алы фыдбылызӕй бахизӕд!» 25 Саул Давидӕн загъта: «Хуыцауӕй арфӕгонд дӕ ды, мӕ хъӕбул Давид! Цӕмӕ бавналай, уый кӕронмӕ бакӕндзынӕ, цы дӕ бафӕнда, уый ӕнӕмӕнг дӕ къухы бафтдзӕн!» Давид ацыд йӕ фӕндагыл, Саул та аздӕхти йӕ бынатмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia