Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давид фӕтӕригъӕд кодта Саулӕн

1 Уырдыгӕй Давид ссыди Ен-Гедимӕ ӕмӕ уым йӕхи бааууон кодта.

2 Саул филистимӕгты фӕдыл стӕрӕй куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕм фӕхабар чындӕуыд, Давид Ен-Гедийы ӕдзӕрӕг быдыры ис, зӕгъгӕ.

3 Саул ӕрӕмбырд кодта ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕты, ӕмӕ, сычъиты хӕтӕнтӕ кӕм уыдысты, уыцы хӕхты ’рдӕм араст Давид ӕмӕ йӕ адӕмы агурӕг.

4 Фӕндаджы был фосдарӕн уӕтӕрты рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уым иу лӕгӕтмӕ Саул йӕхи хъуыдыйы бауади. Ныр Давид та йӕ адӕмимӕ лӕгӕты рӕбынӕй бадти,

5 ӕмӕ йын йӕ адӕм загътой: «Мӕнӕ дын Дунедарӕг цы боны кой кодта, уый, де знаджы дын дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ цы бафӕнда, уый-иу ын бакӕн, зӕгъгӕ». Давид бахъуызыди ӕмӕ Саулы пӕлӕзы фӕччи аивӕй ралыг кодта.

6 Фӕлӕ фыр ӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъди, Саулы фӕччи кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй.

7 Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ паддзахмӕ, Дунедарӕджы байсӕрстмӕ, мӕ къух сисынӕй — уый Дунедарӕджы байсӕрст у».

8 Уыцы ныхӕстӕй Давид йӕ адӕмы баурӕдта, Саулмӕ бавналын сӕ нӕ бауагъта. Саул лӕгӕтӕй рахызти ӕмӕ йӕ фӕндагыл араст.

9 Уӕд Давид дӕр лӕгӕтӕй рацыди ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Паддзах, мӕ бардарӕг!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.

10 Загъта Саулӕн: «Давид дын фыд ракӕнынмӕ хъавы, зӕгъгӕ дын чи дзуры, уыдоны ныхӕстӕм цӕмӕн хъусыс?

11 Абон дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг дӕ лӕгӕты мӕ къухтӕм куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырдтой мын, амар ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Мӕ паддзахмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы байсӕрст у“.

12 Мӕ фыды хай! Ӕрбакӕс-ма мӕнӕ мӕ къухы дӕ пӕлӕзы фӕччимӕ. Маргӕ дӕ кӕй нӕ акодтон, фӕлӕ дын ӕрмӕст дӕ фӕччи кӕй ралыг кодтон, уӕд та дӕ уымӕй бауырнӕд, мӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕй нӕй, уый. Дӕ цуры тӕригъӕдджын ницӕмӕй дӕн, ды та мӕн амарыны тыххӕй мӕ фӕдыл зилыс.

13 Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не ’хсӕн, ӕмӕ дӕ Дунедарӕг райсӕд мӕ маст. Ӕз дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн.

14 Рагон ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: „Фыдлӕгӕй фыдракӕнд рацӕуы“. Фӕлӕ дӕм ӕз мӕ къух нӕ сисдзынӕн.

15 Кӕй ныхмӕ рацыд Израилы паддзах? Кӕй фӕдыл зилыс? Мард куыдзы фӕдыл, иунӕг ӕхсӕнчъы фӕдыл!

16 Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не ’хсӕн ӕмӕ нын нӕ хъуыддаг равзарӕд. Мӕ фарс рахӕцӕд, сраст мӕ кӕнӕд ӕмӕ мӕ бахизӕд дӕ къухӕй».

17 Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.

18 Стӕй Давидӕн загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ. Ды мын хорздзинад сарӕзтай, ӕй та дын ӕй бафыстон ӕвзӕрӕй.

19 Абон равдыстай, хорз мын кӕй кӕныс, уый — Дунедарӕг мӕ дӕ къухтӕм лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕ ды нӕ амардтай.

20 Кӕд фендӕуыд афтӕ, ӕмӕ, йе знагыл чи сӕмбӕлд, уый йӕ фарнимӕ ауадза йӕ фӕндагыл? Дунедарӕг дын хорзӕй бафиддзӕн, абон мын цы хорздзинад сарӕзтай, уый!

21 Ныр ӕз зонын, ды ӕнӕмӕнг паддзахиуӕг кӕй кӕндзынӕ ӕмӕ Израилы паддзахад дӕ фӕрцы кӕй сфидар уыдзӕн, уый.

22 Гъемӕ мын Дунедарӕгӕй ард бахӕр, куынӕуал уон, уӕд мын мӕ байзӕддаджы кӕй нӕ фесафдзынӕ ӕмӕ мын мӕ ном уӕлӕуыл мӕ мыггаджы ’хсӕн кӕй ныууадздзынӕ, уый тыххӕй».

23 Давид ард бахордта Саулӕн. Саул йӕ хӕдзармӕ ацыди, Давид ӕмӕ йӕ адӕм та се ’мбӕхсӕнмӕ ссыдысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan