1 Паддзахӕдтӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавид филистимӕгты Кеилайы сахарӕй фӕсырдта 1 Давидмӕ хабаргӕнӕг фӕци: «Филистимӕгтӕ балӕбурдтой Кеилайы сахармӕ ӕмӕ мустыл хӕлоф кӕнынц». 2 Уӕд Давид Дунедарӕджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ уыцы филистимӕгты басӕттон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу, филистимӕгты басӕтт ӕмӕ Кеилайы сахар ссӕрибар кӕн». 3 Фӕлӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Мах мӕнӕ Иудейы дӕр тарст куы стӕм, уӕд куыд хъуамӕ ацӕуӕм Кеиламӕ, филистимаг ӕфсады ныхмӕ?» 4 Давид та ногӕй бафарста Дунедарӕджы, ӕмӕ йын Дунедарӕг дзуапп радта: «Ныццу Кеиламӕ, филистимӕгты дын дӕ къухтӕм дӕттын». 5 Давид йӕ адӕмимӕ Кеиламӕ ацыд ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцыди, басаста сӕ ӕмӕ сын сӕ фос ратӕлӕт кодта. Афтӕмӕй Давид фервӕзын кодта Кеилайы цӕрджыты. 6 Ахимелехы фырт Авиафар Давидмӕ куы ӕрбалыгъд, уӕд Кеиламӕ ахаста ефод дӕр. 7 Саулӕн фехъусын кодтой, Давид Кеиламӕ кӕй ӕрцыд, уый. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухтӕм радта. Къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, кулдуар ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ цы сахарӕн ис, уымӕй йын раирвӕзӕн нал ис». 8 Саул ӕппӕт адӕммӕ дӕр хӕстмӕ фӕсидти, Кеиламӕ ныццӕуӕм ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕрхъула кӕнӕм, зӕгъгӕ. 9 Давид Саулы фыдвӕнд куы базыдта, уӕд фӕдзырдта сауджын Авиафармӕ: «Рахӕсс-ма ефод». 10 Давид загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Дӕ цагъар фехъуыста, Саул Кеиламӕ ӕрцӕуинаг кӕй у ӕмӕ мӕн тыххӕй сахар ныггӕныстон кӕнынмӕ кӕй хъавы, уый. 11 Кеилайы цӕрджытӕ мӕ йӕ къухтӕм ратдзысты ӕви нӕ? Дӕ цагъар цы фехъуыста, уый раст у? Ӕрцӕудзӕни Саул? Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, раргом ӕй кӕн Дӕ цагъарӕн». Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ӕрцӕудзӕн». 12 Давид та бафарста: «Кеилайы цӕрджытӕ мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр Саулы къухтӕм ратдзысты ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Ратдзысты». 13 Уӕд Давид ӕмӕ йӕ адӕм, иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы, ныууагътой Кеила ӕмӕ цыдысты, сӕ къах сӕ кӕдӕм хаста, уырдӕм. Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд, Давид Кеилайӕ алыгъди, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд йӕ фӕнд аивта стӕры ацӕуыны тыххӕй. Давид Иудейы хӕхты йӕхи бамбӕхста 14 Давид йӕхи бааууон кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Царди Иудейы хӕхты, Зифы хохрӕбын ӕдзӕрӕг быдыры. Иудадзыг Саул йӕ фӕдыл зылди, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ лӕвӕрдта. 15 Давид базыдта, Саул йӕ агурӕг кӕй рацыд, уый. Уӕд Давид уыди Зифы ӕдзӕрӕг быдыры, Хорешы. 16 Уыцы рӕстӕг Саулы фырт Ионатан араст ис Хорешмӕ, Давидмӕ. Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар, зӕгъгӕ дзы ныфс бауагъта. 17 Загъта йын: «Ма тӕрс, нӕ дӕм баххӕсдзӕни мӕ фыд Саулы къух. Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ Израилӕн, ӕз та дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг уыдзынӕн. Уый мӕ фыд Саул дӕр зоны». 18 Дунедарӕджы раз та кӕрӕдзийӕ ногӕй ӕрдхӕрдтӕ загътой. Ӕмӕ Давид баззади Хорешы, Ионатан та йӕ хӕдзармӕ раздӕхт. 19 Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын радзырдтой: «Давид махмӕ ис, Хорешы фидӕртты бады — Йешимоны хуссарварс Хакилайы къуыбырыл. 20 Ӕмӕ дӕ куыддӕр бафӕнда, паддзах, афтӕ-иу рацу. Паддзахы къухмӕ йӕ раттын та мах бар уадз». 21 Саул сын загъта: «Дунедарӕджы арфӕ уыл сӕмбӕлӕд — фӕтӕригъӕд мын кодтат. 22 Цӕут ӕмӕ ноджы бӕстондӕр базонут, кӕцы ран ис, уый, стӕй сбӕлвырд кӕнут, уым ӕй чи федта, уый дӕр. Куыд мын загъдӕуыд, афтӕмӕй хин ӕмӕ кӕлӕн у. 23 Сбӕрӕг кӕнут, кӕм фембӕхсы, ӕппӕт уыцы бынӕттӕ ӕмӕ-иу мӕм бӕлвырд хабаримӕ ӕрбаздӕхут. Уӕд ӕз дӕр ацӕудзынӕн уемӕ, ӕмӕ кӕд ацы зӕххыл ис, уӕд ӕй Иудӕйы ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕнӕй дӕр скъахдзынӕн». 24 Ӕмӕ зифӕгтӕ Саулы разӕй ацыдысты сӕ сахармӕ. Давид ӕмӕ йӕ адӕм уыдысты Йешимоны хуссарварс, Маоны ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы. 25 Саул йӕ адӕмимӕ ацыди Давиды агурынмӕ. Давидмӕ фӕхабар кодтой, ӕмӕ Маоны ӕдзӕрӕг быдыры къӕдзӕхтӕм йӕхи байста ӕмӕ уым бамбӕхсти. Уый фехъуыста Саул, ӕмӕ Давиды фӕдыл зилын райдыдта Маоны ӕдзӕрӕг быдыры. 26 Саул цыди хохӕн йӕ иу фахсыл, Давид ӕмӕ йӕ адӕм — хохӕн йӕ иннӕ фахсыл. Сӕхи хъардтой Саулӕй алидзыныл, фӕлӕ сӕм Саул йӕ адӕмимӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта. 27 Уыцы заман Саулмӕ фӕзынд уацхӕссӕг ӕмӕ йын загъта: «Фӕтагъд кӕн, филистимӕгтӕ нын нӕ зӕхмӕ ӕрбабырстой». 28 Уӕд Саул ныууагъта Давиды сурын ӕмӕ араст ис филистимӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ацы бынат хонынц Селӕ-Махлекот. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia