1 Паддзахӕдтӕ 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавид аразы гӕрзифтонг къорд 1 Давид уырдыгӕй Адулламы лӕгӕтмӕ алыгъд. Уый куы фехъуыстой йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йе ’ппӕт хионтӕ, уӕд ӕм уырдӕм ӕрцыдысты. 2 Ӕрӕмбырд ӕм сты алы ӕфхӕрд, алы хӕсджын, алы зӕрдӕрыст адӕм, иу цыппарсӕдӕ лӕджы, ӕмӕ Давид сӕ раздзог сси. 3 Уырдыгӕй Давид ацыди моаваг сахар Мицпамӕ ӕмӕ Моавы паддзахӕн загъта: «Мӕ мад ӕмӕ уал мӕ фыд сымахмӕ фӕуӕнт, цалынмӕ, Хуыцау мын цы сныв кодта, уый базонон, уӕдмӕ». 4 Ӕмӕ сӕ моаваг паддзахмӕ ӕрбакодта, ӕмӕ уымӕ баззадысты, цалынмӕ Давид йӕ фидары цард, уӕдмӕ. 5 Пехуымпар Гад загъта Давидӕн: «Мауал бад ацы фидары, Иудӕйы зӕхмӕ ацу». Давид араст ис ӕмӕ Хереты хъӕдмӕ бацыди. Саул амардта Новы сауджынты 6 Саул базыдта Давид ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ кой кодтой алы ран дӕр. Уӕд Саул уыди Гевӕйы, къуыбырыл бадти тамариск бӕласы бын. Йӕ арц уыди йӕ къухы, йӕ дӕлдӕртӕ ӕмбырдӕй лӕууыдысты йӕ алыварс. 7 Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни? 8 Мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Куыд ничи мын фехъусын кодта, мӕ фырт ӕмӕ Йессейы фырт кӕрӕдзийӕ ӕрдхӕрдтӕ загътой, уый? Уӕ иу дӕр мын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ нӕ радзырдта, мӕ фырт мӕ цагъары мӕ ныхмӕ кӕй сардыдта, цӕмӕй мын абон знаггад кӕна». 9 Дзуапп ын радта едомаг Доег (уый уым Саулы иннӕ дӕлдӕртимӕ лӕууыд): «Ӕз федтон, Йессейы фырт Новы сахармӕ, Ахитувы фырт Ахимелехмӕ, куыд ӕрцыд, уый. 10 Ахимелех Дунедарӕджы бафарста, Давид куыд хъуамӕ бакӕна, уымӕй, ӕмӕ йын радта фӕндаггаг, стӕй филистимаг Голиафы кард». 11 Уӕд паддзах арвыста сауджын Ахимелехмӕ, Ахитувы фыртмӕ, стӕй уымӕн йе ’ппӕт хӕстӕджытӕм, Новы сауджынтӕм. Уыдон иууылдӕр паддзахмӕ ӕрцыдысты, 12 ӕмӕ Саул загъта: «Байхъус-ма, Ахитувы фырт!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ паддзах». 13 Саул ӕй бафарста: «Йессейы фыртимӕ мыл сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Ды йын дзул ӕмӕ кард радтай ӕмӕ йын цы кӕнгӕ у, уымӕй Хуыцауы бафарстай, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуа ӕмӕ мын абон знаггад кӕна». 14 Ахимелех дзуапп радта паддзахӕн: «Де ’ппӕт дӕлдӕртӕй дыл Давидау иузӕрдион чи у? Паддзахы сиахс дӕр у ӕмӕ дӕ хъахъхъӕнджыты хицау дӕр. Дӕ хӕдзаронтӕ дӕр ӕй тынг нымайынц. 15 Хуыцауы дӕр Давиды тыххӕй фыццаг хатт бафарстон, мыййаг? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Паддзах мацӕмӕй аххосджын кӕнӕд нӕдӕр йӕ цагъары, нӕдӕр мӕ хӕстӕджыты. Ацы хъуыддаджы дӕ цагъар мур дӕр ницы зонӕг у». 16 Паддзах ын загъта: «Ӕнӕ амӕлгӕ нӕй, Ахимелех, дӕуӕн дӕр ӕмӕ де ’ппӕт хӕстӕджытӕн дӕр». 17 Ӕмӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнджытӕн бардзырд радта: «Цӕугӕут ӕмӕ Дунедарӕджы сауджынты амарут! Уыдон дӕр Давидимӕ ӕмдзӕхдон сты. Зыдтой, кӕй алыгъди, уый ӕмӕ мын нӕ фехъусын кодтой». Фӕлӕ хъахъхъӕнджыты нӕ фӕндыди Дунедарӕджы сауджынтӕм сӕ къух сисын. 18 Уӕд паддзах загъта Доегӕн: «Цу уӕдӕ ды амар сауджынты». Ӕмӕ едомаг Доег сауджынты ныццагъта. Уыцы бон уый амардта ӕстай фондз лӕджы, гӕнӕй уафт ефод чи дардта, ахӕмты. 19 Саул карды амӕттаг бакодта сауджынты сахар Нов дӕр: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сабийӕ, дзидзидайӕ, галӕй, хӕрӕгӕй ӕмӕ фысӕй — се ’ппӕты дӕр ныццагъта. 20 Аирвӕзт ма ӕрмӕст Ахитувы фырт Ахимелехы фырттӕй иу, йӕ ном — Авиафар. Алыгъди ӕмӕ Давидимӕ баиу. 21 Радзырдта, Саул Дунедарӕджы сауджынты кӕй амардта, уый. 22 Давид Авиафарӕн загъта: «Уыцы бон едомаг Доег уым уыд, ӕмӕ йӕ зонгӕ кодтон, Саулмӕ ӕнӕмӕнг дзырд кӕй бахӕсдзӕн, уый. Мӕн аххос у дӕ мыггаджы сӕфт. 23 Баззай мемӕ, тӕрсгӕ ма кӕн. Уымӕн ӕмӕ, дӕу амарын кӕй зӕрды ис, мӕн амарын дӕр уый зӕрды ис. Фыдбылызӕй хызт уыдзынӕ мӕнмӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia