1 Паддзахӕдтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАннӕйы зарӕг Хуыцауыл 1 Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл. 2 Дунедарӕгӕй уаздӕр ничи у, никӕй ис абарӕн Демӕ. Нӕ Хуыцау у къӕдзӕх, Уый хуызӕн никуы ис. 3 Схъӕл ныхӕстӕ ныууадзут, къӕйных ныхас ма схауӕд уӕ дзыхӕй, — Дунедарӕг алцызонӕг Хуыцау у, алы хъуыддагӕн дӕр аргъгӕнӕг Уый у. 4 Хъӕбатыртӕн се ’рдын асасти, ӕнӕбонтӕм тых фегуырди. 5 Ӕфсӕст чи уыди — къӕбӕрыл кусынц, ӕххормаг чи уыди — уыцы сӕр сӕ нал хъӕуы. Ӕнӕзӕнӕг ныййардта авд хъӕбулы, бирӕзӕнӕгджын та иунӕгӕй ’руайы. 6 Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны. 7 Дунедарӕг смӕгуыр кӕны ӕмӕ сбонджын кӕны, ӕрныллӕг кӕны ӕмӕ сбӕрзонд кӕны. 8 Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон. 9 Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у. 10 Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты». Елиайы фыртты тӕригъӕдтӕ 11 Елкана ацыди Рамамӕ, йӕ хӕдзармӕ, лӕппу та сауджын Елиамӕ баззади Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынмӕ. 12 Елиайӕн йӕ фырттӕ ӕнаккаг уыдысты. Дунедарӕгмӕ се ’ргом не здӕхтой, 13 сауджынтӕм адӕмы раз цы хӕстӕ хауы, уыдон ницӕмӕ дардтой. Исчи нывонд ӕрхаста ӕмӕ ныридӕгӕн дзидзатӕ уӕларт фыцынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕртыкъахыг фыдисимӕ ӕрбацыд, 14 ауагъта-иу ӕй аджы, дурыны кӕнӕ алгъацы, ӕмӕ-иу цӕуылдӕриддӕр фӕхӕст ис, уыдон-иу сауджын йӕхицӕн айста. Афтӕ кодтой Елиайы фырттӕ, Силоммӕ сӕм чи цыди, уыцы израилӕгтӕй алкӕмӕн дӕр. 15 Ӕгӕрыстӕмӕй-иу нывондӕн йӕ фиу дӕр нӕма басыгътой, афтӕ-иу ӕрбацыди сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕмӕ-иу загъта нывонд ӕрхӕссӕгӕн: «Ӕри-ма фыдызгъӕл сауджынӕн физонӕгӕн. Фыхӕй йӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ хомӕй». 16 Ӕмӕ-иу лӕггадгӕнӕгӕн афтӕ чи загъта, уадз ӕмӕ уал раздӕр фиу сыгъд ӕрцӕуа, стӕй уӕд ахӕсдзынӕ, цыдӕриддӕр дӕ хъӕуы, уый, зӕгъгӕ, уымӕн-иу уый афтӕ: «Нӕ, ныртӕккӕ ӕри, науӕд ӕй мӕхӕдӕг райсдзынӕн». 17 Ӕрыгон сауджынтӕ Дунедарӕджы раз цыдысты стыр тӕригъӕды, уымӕн ӕмӕ Йын афтӕмӕй Йӕ номыл хаст нывӕндтӕ ӕгад кодтой. 18 Самуел та лӕггад кодта Дунедарӕджы хӕдзары ӕмӕ, кӕд нырма ӕвзонг уыди, уӕддӕр дардта ефод, гӕнӕй уафт хъуымацӕй. 19 Йӕ мад-иу ын алы аз дӕр бахуыдта чысыл пӕлӕз ӕмӕ-иу ын ӕй схаста, йӕ моимӕ-иу ӕрвылазы нывонд ӕрхӕссынмӕ куы ссыдысты, уӕд. 20 Ӕмӕ-иу Елиа Елкана ӕмӕ йӕ бинойнагӕн арфӕ ракодта: «Дунедарӕгӕн цы саби радтай, уый ныхмӕ ма дын Дунедарӕг ацы сылгоймагӕй цот рауадзӕд». Ӕмӕ-иу стӕй сӕ хӕдзармӕ аздӕхтысты. 21 Дунедарӕг ӕркаст Аннӕмӕ, ӕмӕ та ус банхъӕлцау ис. Ныййардта ма ӕртӕ лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы. Ныр ӕвзонг Самуел та хъомыл кодта Дунедарӕджы хӕдзары. 22 Елиа ӕрзӕронд ис. Йӕ хъустыл-иу ӕрцыди, йӕ фырттӕ Израилы адӕмӕн цы митӕ кодтой, уый, ноджы ма, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ цы лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ уыд, уыдонимӕ-иу кӕй ӕрӕмуат сты, уый дӕр. 23 Ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ кӕнут? Уӕ худинаджы хабӕрттӕ уын ӕппӕт адӕмӕй дӕр куы хъусын. 24 Нӕ, мӕ фырттӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ хорз не сты. Ӕз зонын, Дунедарӕджы адӕм сӕ дзыхӕй-дзыхмӕ кӕй исынц, уый. 25 Адӕймаг адӕймаджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд ын, чи зоны, ӕмӕ Хуыцау ныххатыр кӕна, фӕлӕ адӕймаг Дунедарӕджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд та йын чи ныххатыр кӕндзӕн?» Фӕлӕ фырттӕ сӕ фыды уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ралгъыста. 26 Ӕвзонг Самуел та куыд хъомыл кодта, афтӕ йыл тынгдӕр радысты Дунедарӕг ӕмӕ адӕм. Пехуымпар хъусын кӕны Елиайы байзӕддаджы фидӕн 27 Елиамӕ ӕрцыди Хуыцауы ӕрвыст лӕг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕ хӕдзарвӕндаджы фыдӕлтӕн, далӕ ма Мысыры фараонӕн цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Мӕхи нӕ раргом кодтон, ӕви? 28 Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй Мӕхицӕн дӕ фыдӕлты равзӕрстон сауджынтӕй, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл хӕссой нывӕндтӕ, судзой Мын буд ӕмӕ-иу Мӕ разы хӕрдмӕ сисой ефод. Израилӕгтӕ цыдӕриддӕр хуынтӕ хӕссынц, уыдон бакодтон дӕ фыдӕлты бӕрны. 29 Уӕдӕ ма, Мӕ Хӕдзармӕ цы нывӕндтӕ ӕмӕ цы хуынтӕ хӕссын бафӕдзӕхстон, уыдон та уӕ къӕхтӕй цӕмӕн ссӕндут? Дӕ фыртты Мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн сӕвӕрдтай? Фӕйнӕрдӕм фӕцыдыстут, Израилы, Мӕ адӕмы, нывӕндты хуыздӕр хӕйттӕй уӕхи ӕфсадгӕйӕ! 30 Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн! 31 Ӕрхӕстӕг кӕны, дӕ рахиз цонг — дӕ бинонты нуар дын цы бон атӕхын кӕндзынӕн, уый: дӕ цотӕй зӕронды кармӕ ничи фӕцӕрдзӕн! 32 Хӕлӕггӕнгӕ кӕсдзынӕ Израилы амондмӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕй зӕры бонмӕ ничиуал хӕсдзӕн. 33 Мӕ нывондхӕссӕнӕй нӕ фӕиртасдзынӕн дӕ байзӕддаджы — уым баззайдзысты, цӕмӕй дӕ цӕсты рухс батар уа мастӕй ӕмӕ дӕ зӕрдӕ рисса. Се ’ппӕт дӕр мӕлдзысты сӕ тӕккӕ лӕджы кары. 34 Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты. 35 Ӕз та Мӕхицӕн сӕвӕрдзынӕн иузӕрдион сауджын, Мӕ фӕндон Мын чи ӕххӕст кӕна, ахӕм. Ӕз ын даргъ-уӕрӕх ауадздзынӕн йӕ хӕдзарвӕндаг, ӕмӕ ӕнусмӕ лӕггад кӕндзӕни Мӕ байсӕрст паддзахӕн. 36 Дӕ хӕдзаронтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕй-иу алчидӕр ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мӕ сауджыны раз ӕрзоныг кӕндзӕн ӕвзисты мур кӕнӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй ӕмӕ-иу ын зӕгъдзӕн: „Исты сауджынлӕггадыл мӕ бафтау, цӕмӕй мӕхицӕн къӕбӕр самал кӕнон“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia