Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Саулы фӕнды Давиды амарын

1 Саул загъта йӕ фырт Ионатанӕн ӕмӕ йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн, Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ Саулы фырт Ионатан тынг уарзта Давиды

2 ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Мӕ фыд Саул дӕ марынмӕ хъавы, ӕмӕ-иу райсом сӕумӕйӕ дӕхи бахиз, фӕсвӕд ран-иу бамбӕхс.

3 Ӕз рацӕудзынӕн, ды кӕм уай, уырдӕм, фӕссахармӕ. Уым мӕ фыды цурмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йын дӕ кой ракӕндзынӕн. Стӕй, цы фехъусон, уый дын радзурдзынӕн».

4 Ионатан йӕ фыд Саулӕн ракодта Давиды хорзы кой. Загъта йын: «Ма бацӕуӕд паддзах йӕ цагъар Давиды тӕригъӕды. Давид ницӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕ разы. Уый нӕ, фӕлӕ ма дын йӕ хъуыддӕгтӕ бирӕ пайда дӕр ӕрхастой.

5 Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»

6 Саул байхъуыста Ионатанмӕ ӕмӕ ард бахордта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Давиды нӕ амарын кӕндзынӕн».

7 Ионатан Давидмӕ фӕсидт ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр радзырдта. Стӕй йӕ Саулмӕ бахуыдта, ӕмӕ та Давид раздӕрау лӕггад кодта Саулӕн.

8 Ногӕй та райдыдта хӕст. Давид ацыд ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцыди. Ныддӕрӕн сӕ кодта, ӕмӕ лидзӕг фесты.

9 Хуыцауы ӕрвыст фыдмон та тых кӕнын байдыдта Саулыл. Йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй Саул йӕ хӕдзары бадти, Давид та йын цагъта.

10 Саулӕн йӕ зӕрды уыди Давиды арцӕй къулмӕ ныххуыйын, фӕлӕ Давид йӕхи фӕсайдта, ӕмӕ арц къулы ныссагъди. Давид алыгъдис ӕмӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв йӕхи бамбӕхста.


Давид лидзы Саулӕй

11 Саул йӕ чапарты арвыста Давиды хӕдзармӕ, цӕмӕй уым йӕ размӕ бабадой ӕмӕ йӕ райсомӕй амарой. Фӕлӕ Давидӕн йӕ ус Мелхолӕ загъта: «Ахсӕв дӕ сӕр куынӕ бафснайай, уӕд дӕ райсом амардзысты».

12 Мелхолӕ Давиды рудзынгӕй бынмӕ ӕруагъта, ӕмӕ уый алыгъд ӕмӕ аирвӕзт.

13 Мелхолӕ хӕдзарон хуыцаугонд райста ӕмӕ йӕ хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта, бамбӕрзта йӕ дарӕсӕй ӕмӕ йыл нывӕрзӕны ’рдыгӕй сӕгъы фистӕй арӕзт сӕргъуын ӕркодта.

14 Саулы ӕрвыст чапартӕ Давиды ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд сын Мелхолӕ загъта: «Рынчын у».

15 Саул та сӕ ногӕй арвыста, уӕхӕдӕг ӕй фенут, зӕгъгӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ӕрбахӕссут мӕм ӕй ӕд хуыссӕн, ӕмӕ йӕ амарон».

16 Чапартӕ ацыдысты ӕмӕ хуыссӕны баййӕфтой хӕдзарон хуыцаугонд, нывӕрзӕны ’рдыгӕй йыл — сӕгъы фистӕй сӕргъуын.

17 Уӕд Саул Мелхолӕйы бафарста: «Цӕмӕн мӕ афӕлывтай? Ме знаджы мын лидзын цӕмӕн бауагътай?» Мелхолӕ йын дзуапп радта: «Афтӕ мын загъта: „Ауадз мӕ, кӕннод дӕ амардзынӕн“».


Давид алыгъди Самуелмӕ

18 Давид куы алыгъд, уӕд ссыди Рамамӕ, Самуелмӕ, ӕмӕ йын, Саул ын цы митӕ бакодта, уый радзырдта. Уыйадыл Давид ӕмӕ Самуел сӕхи айстой Найотмӕ ӕмӕ уым цардысты.

19 Саулмӕ хабаргӕнӕг фӕци: «Давид Найоты ис, Рамайы цур».

20 Ӕмӕ Саул йӕ чапарты арвыста Давиды ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ уыдон пехуымпарты къорды, Самуел сӕ сӕргъы, афтӕмӕй пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд схайджын сты Хуыцауы Удӕй ӕмӕ уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.

21 Саул уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд арвыста ӕндӕр чапарты, фӕлӕ уыдон дӕр фыццӕгты хал ахордтой. Уый фӕстӕ Саул арвыста ӕртыккаг чапарты къорд, фӕлӕ та уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.

22 Уӕд Саул йӕхӕдӕг ацыди Рамамӕ. Секуйы цы стыр донуат ис, уый онг бахӕццӕ ӕмӕ бафарста: «Кӕм сты Самуел ӕмӕ Давид?» Чидӕр ын афтӕ: «Мӕнӕ Рамайы цур сты, Найоты».

23 Саул уырдӕм араст. Фӕндагыл уый дӕр схайджын ис Хуыцауы Удӕй ӕмӕ, пехуымпариуӕггӕнгӕ, схӕццӕ ис Рамайы цурмӕ, Найотмӕ.

24 Саул дӕр, иннӕтау, йӕ дарӕс феппӕрста ӕмӕ пехуымпариуӕг кодта Самуелы раз, цалынмӕ йӕ къӕхтыл лӕууыд, уӕдмӕ. Стӕй ӕрхауди, ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв бӕгънӕгӕй зӕххыл фӕци. Уымӕн афтӕ фӕзӕгъынц: «Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan