1 Паддзахӕдтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавид ӕмӕ Голиаф 1 Филистимӕгтӕ хӕстмӕ рацыдысты, се ’фсӕдтӕ ӕрӕмбырд кодтой Иудӕйы зӕххыл, Сохойы. Рӕсӕнуат скодтой Эфес-Даммимы, Сохойӕ Азекайы ’хсӕн. 2 Саул ӕмӕ Израилы ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд сты. Ӕрбынат кодтой Теревинфы дӕлвӕзы ӕмӕ филистимӕгтимӕ тохмӕ сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой. 3 Филистимӕгтӕ лӕууыдысты иу хохыл, израилӕгтӕ та — иннӕ хохыл. Се ’хсӕн уыди дӕлвӕз. 4 Филистимаг ӕфсадӕй рацыд иу богал, йӕ ном — Голиаф, Гаты сахайраг. Йӕ ас — ӕхсӕз ӕлмӕрины ӕмӕ уылынг. 5 Йӕ сӕрыл уыд ӕрхуы тахъа, йӕ уӕлӕ та — фондз мин шекелы чи ласта, ахӕм згъӕрхӕдон, ӕрхуы цӕгтӕй конд. 6 Йӕ къӕхтыл уыд ӕрхуы зӕнгӕйттӕ, йӕ фӕсонтыл — ӕрхуы уарт. 7 Йӕ арцы хъӕд — тынуафӕн хъилы йас, арцӕн йе ’фсӕйнаг бырынкъ ласта ӕхсӕзсӕдӕ шекелы. Йӕ разӕй цыд йӕ уартхӕссӕг. 8 Голиаф ӕрлӕууыд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта Израилы ӕфсады ’рдӕм: «Цӕмӕн рацыдыстут, хӕстӕргомӕй цы ’рлӕууыдыстут? Ӕз филистимаг куы дӕн, сымах та — Саулы цагъартӕ! Равзарут уе ’хсӕн иу лӕг, ӕмӕ мӕм ӕрхизӕд. 9 Кӕд йӕ бон мемӕ рахӕцын суа ӕмӕ мӕ амара, уӕд уын мах уыдзыстӕм цагъартӕ. Ӕз ыл фӕтых дӕн ӕмӕ йӕ амардтон, зӕгъгӕ, уӕд та нын сымах уыдзыстут цагъартӕ ӕмӕ нын кӕндзыстут лӕггад». 10 Ноджы ма филистимаг загъта: «Фидиссаг уӕ кӕндзынӕн абон, Израилы ӕфсад! Рарвитут мӕм иу хӕстон, ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ рахӕцӕм». 11 Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ филистимагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕудаист сты, стыр тас сӕ бацыди. 12 Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары. 13 Йе ’ртӕ хистӕр фырты Саулы фӕдыл ацыдысты хӕцынмӕ. Сӕ нӕмттӕ уыдысты: хистӕрӕн — Елиав, дыккагӕн — Авинадав, ӕртыккагӕн та — Шамма. 14 Давид уыди ӕфсымӕрты кӕстӕр. Ӕртӕ хистӕры ацыдысты Саулы фӕдыл, 15 Давид та-иу Саулӕй ацыд Вифлееммӕ, йӕ фыды фыстӕ хизынмӕ, стӕй та-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт. 16 Филистимаг-иу райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр рацыд ӕмӕ-иу израилӕгты раз хылӕргомӕй ӕрлӕууыд. Афтӕ кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы. 17 Йессей йӕ фырт Давидӕн бафӕдзӕхста: «Райс-ма де ’фсымӕртӕн мӕнӕ ацы цӕкуыты ефӕ ӕмӕ ацы дӕс дзулы ӕмӕ сын сӕ рӕвдз рӕсӕнуатмӕ фӕхӕццӕ кӕн. 18 Ацы дӕс цыхты та ахӕсс миныхицауӕн. Фен, де ’фсымӕртӕ куыд сты, цы сты, уый ӕмӕ, ӕнӕфыдбылыз кӕй сты, уый нысанӕн сӕ исты ӕрбахӕсс. 19 Де ’фсымӕртӕ Саул ӕмӕ иннӕ израилӕгтимӕ Теревинфы дӕлвӕзы филистимӕгтимӕ хӕцынц». 20 Давид райсомӕй раджы фысты дзуг уӕтӕргӕсы ӕвджид бакодта ӕмӕ аласта йӕ уаргъ, Йессей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Куы бахӕццӕ, уӕд ӕфсӕдтӕ хӕстӕввонгӕй рацӕйцыдысты, тохы хъӕр систой, афтӕмӕй. 21 Израилӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгтӕн се ’фсӕдтӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. 22 Давид йӕ уаргъ рӕсӕнуатгӕсмӕ фӕуагъта ӕмӕ ӕфсӕдты цурмӕ ауади. Куы бахӕццӕ, уӕд йе ’фсымӕртӕн салам радта. 23 Семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ та дын мӕнӕ филистимӕгты ӕфсадӕй размӕ куы рацӕуид сӕ богал, йӕ ном — Голиаф, Гаты сахайраг. Йӕ фидистӕ та йӕ разӕй фесты, ӕмӕ йын сӕ Давид фехъуыста. 24 Израилӕгтӕ иууылдӕр, уыцы лӕджы фенгӕйӕ, фыр тӕссӕй лидзӕг фесты. 25 Дзырдтой: «Уынут, размӕ чи рацыд, уыцы лӕджы? Израилӕн фидистӕ кӕны. Чи йӕ амарид, уымӕн паддзах балӕвар кӕнид бирӕ исбон ӕмӕ йын раттид йӕ чызджы, стӕй йын йӕ бинонты суӕгъд кӕнид хъалон фидынӕй». 26 Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?» 27 Адӕм ын раздӕры ныхӕстӕ рафӕзмыдтой: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм хӕрзтӕ ӕрцӕудзӕн, чи йӕ амара, уыцы лӕгыл». 28 Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ». 29 Ӕмӕ загъта Давид: «Омӕ цы ракодтон? Бафӕрсын аипп у?» 30 Йе ’ргом ӕндӕрӕрдӕм аздӕхта ӕмӕ та ногӕй бафарста. Адӕм та йын раздӕры дзуапп радтой. 31 Давиды ныхӕстӕ фехъуыстӕуыд, ӕмӕ сӕ рафӕзмыдтой Саулӕн. Уый йӕм фӕсидти. 32 Давид Саулӕн загъта: «Уыцы филистимаг йӕ ныфс макӕмӕн асӕттӕд. Дӕ цагъар ацӕудзӕн ӕмӕ рахӕцдзӕн йемӕ». 33 Саул Давидӕн загъта: «Нӕ бафӕраздзынӕ ды йемӕ хӕцын. Ды нырма лӕппу дӕ, уый та йе ’взонджы бонтӕй нырмӕ — фӕлтӕрд хӕстон». 34 Фӕлӕ Давид Саулӕн загъта: «Дӕ цагъар хызта йӕ фыды фыстӕ. Домбай кӕнӕ-иу арс куы ’рбацыд ӕмӕ-иу фыстӕй куы аскъӕфта, 35 уӕд-иу ӕй ӕз асырдтон, мӕхи-иу ыл ныццавтон ӕмӕ-иу ын фысы йӕ дзыхӕй скъахтон. Йӕхи-иу мыл куы ӕрбаппӕрста, уӕд та йын-иу йӕ бинаг ӕфсӕрыл фӕхӕст дӕн, ӕрцӕфтӕ-иу ӕй кодтон ӕмӕ-иу ӕй ӕрбамардтон. 36 Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн». 37 Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд». 38 Саул йӕ хотыхтӕ скодта Давидыл. Йӕ сӕрыл ын ӕркодта ӕрхуы тахъа, йӕ уӕлӕ йын скодта згъӕрхӕдон, 39 стӕй йӕ кард Давиды астӕуыл ӕрбаста. Давид афӕлвӕрдта арацу-бацу кӕнын, фӕлӕ ахӕм хотыхтыл ахуыр нӕ уыд ӕмӕ Саулӕн загъта: «Адонимӕ цӕуын мӕ бон нӕу, ахуыр сыл нӕ дӕн». Ӕмӕ сӕ раласта, 40 райста йӕ лӕдзӕг, тӕрфы бын бацагуырдта фондз лӕгъз дуры ӕмӕ сӕ йӕ фыййауы хызыны нывӕрдта. Стӕй, йӕ къухы зилгӕ дурӕхсӕн, афтӕмӕй филистимаджы ныхмӕ рацыди. 41 Филистимаг дӕр рацыд, йӕ уартхӕссӕг — йӕ разӕй, афтӕмӕй хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта Давидмӕ. 42 Филистимаг ӕй куы федта, уӕд ыл бабылысчъил, уымӕн ӕмӕ Давид уыдис ӕрыгон лӕппу, сырхуадул ӕмӕ рӕсугъд. 43 Филистимаг ын загъта: «Лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ? Ӕви дын куыдз дӕн?» Ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста Давиды, 44 стӕй йын афтӕ: «Рауай-ма, ӕз дын дӕ мард тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн раттон». 45 Давид та филистимагӕн ахӕм дзуапп радта: «Ды мӕм кард, арц ӕмӕ ӕхсаргардимӕ рацыдтӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, фаугӕ кӕй кодтай, уыцы израилаг ӕфсады Хуыцауы номимӕ. 46 Абон дӕ Дунедарӕг мӕ къухмӕ дӕтты. Амардзынӕн дӕ, дӕ сӕр дын ракӕндзынӕн ӕмӕ дӕ мард дӕр ӕмӕ филистимаг ӕфсады мӕрдтӕ дӕр тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн ратдзынӕн. Уадз ӕмӕ ӕппӕт дуне дӕр базона, Израилӕн Хуыцау кӕй ис, уый. 47 Уадз ӕмӕ мӕнӕ ацы дзыллӕ дӕр, Израилы адӕм, базоной, Дунедарӕг кард ӕмӕ арцы руаджы кӕй нӕ дӕтты уӕлахиз, уый. Ныр Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцы ӕмӕ уӕ ратдзӕни нӕ къухтӕм». 48 Филистимаг куыддӕр Давиды ’рдӕм рацӕйцыдис, афтӕ Давид хӕстӕргомӕй йӕ размӕ базгъордта, 49 йӕ къух йӕ хызыны фӕцавта, фелвӕста дур ӕмӕ йӕ дурӕхсӕнӕй фехста. Дур филистимаджы ныхыл сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ батыдта. Лӕг зӕххыл дӕлгоммӕ ахауди. 50 Афтӕмӕй Давид филистимагыл фӕуӕлахиз — ӕнӕ кардӕй, ӕрмӕст дурӕхсӕн ӕмӕ дурӕй. Мӕлӕтдзаг цӕф ын ныккодта. 51 Стӕй Давид базгъордта филистимагмӕ, йӕ кардыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йӕ кӕрддзӕмӕй сласта, ӕрцавта дзы филистимаджы ӕмӕ йын йӕ сӕр ралыг кодта. Филистимӕгтӕ сӕ богалы мардӕй куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. 52 Израилаг ӕмӕ иудейаг хӕстонтӕ уӕлахизы хъӕр ныккодтой ӕмӕ сӕ Гат ӕмӕ Екроны кулдуӕрттӕм сӕ разӕй айстой. Филистимӕгты мӕрдтӕй нал зынди Шаараимы фӕндаг суанг Гат ӕмӕ Екроны онг. 53 Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд филистимӕгты рӕсӕнуаты хорзӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уый рахастой. 54 Давид филистимаджы сӕр систа ӕмӕ йӕ Йерусалиммӕ ахаста, йӕ хотыхтӕ та йын йӕхи цатыры сӕвӕрдта. Саул Давиды ӕфсӕдты хицауӕй сӕвӕрдта 55 Саул филистимаджы ныхмӕ рацӕугӕ куы федта Давиды, уӕд йе ’фсады хицау Авнеры бафарста: «Авнер, кӕй фырт у уыцы лӕппу?» Авнер ын дзуапп радта: «Паддзах цӕра, нӕ йӕ зонын». 56 Паддзах загъта: «Базон уӕдӕ, ацы лӕппу кӕй фырт у, уый». 57 Давид филистимаджы куы амардта, уӕд ӕй, филистимаджы сӕр йӕ къухы, афтӕмӕй Авнер ӕрбахуыдта Саулмӕ. 58 Саул бафарста: «Кӕй фырт дӕ, лӕппу?» Давид ын дзуапп радта: «Дӕ цагъар вифлеемаг Йессейы фырт». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia