Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцау Давиды равзӕрста паддзахӕй

1 Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».

2 Уӕд Самуел афтӕ зӕгъы: «Куыд ацӕуон? Саул хабар фехъусдзӕн ӕмӕ мӕ амардзӕн». Дунедарӕг загъта: «Иу дыгӕрдыг демӕ акӕн, ӕмӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕгӕн нывонд хӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн“.

3 Нывонд ӕрхӕссынмӕ-иу ӕрбахон Йессейы, ӕмӕ дын Ӕз бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый: кӕмӕй дын зӕгъон, уый Мын-иу байсӕрд».

4 Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?»

5 Дзуапп сын радта: «Хорз хабаримӕ. Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Йессейы йӕ фырттимӕ ссыгъдӕг кодта Самуел ӕмӕ сӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕсидти.

6 Куы ’рбацыдысты, уӕд федта Йессейы фырт Елиавы ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Бӕгуыдӕр, Дунедарӕджы раз лӕууы Йӕ байсӕрст!»

7 Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».

8 Уӕд Йессей фӕдзырдта Авинадавмӕ ӕмӕ йӕ Самуелы рӕзты рацӕуын кодта. Самуел загъта: «Дунедарӕг уый дӕр нӕ равзӕрста».

9 Уӕд ын Йессей йӕ рӕзты рацӕуын кодта Шаммайы, фӕлӕ та Самуел загъта: «Дунедарӕг уый дӕр нӕ равзӕрста».

10 Афтӕ Йессей Самуелы рӕзты рацӕуын кодта йӕ авд фырты, фӕлӕ Самуел загъта Йессейӕн: «Дунедарӕг адонӕй никӕй равзӕрста».

11 Самуел Йессейы бафарста: «Адон де ’ппӕт цот сты?» Йессей дзуапп радта: «Баззад ма кӕстӕр. Ныртӕккӕ фыстӕ хизы». Самуел ын бафӕдзӕхста: «Арвит ӕм. Цалынмӕ уый ӕрбацӕуа, уӕдмӕ фынгыл не ’рбаддзыстӕм».

12 Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Сырхуадул лӕппу, рӕсугъд цӕстытӕ йын, бакастӕй — зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Байсӕрд ӕй! Уый у».

13 Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.


Давид сси Саулы лӕггадгӕнӕг

14 Дунедарӕджы Уд ныууагъта Саулы, ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕй ӕрвыст фыдмон удхарӕй мардта.

15 Саулӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Хуыцауӕй ӕрвыст фыдмон дӕ удхарӕй мары.

16 Нӕ хицау бардзырд раттӕд йӕ разы лӕууӕг цагъартӕн, цӕмӕй дын, хъисыныл дӕсны чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы бацагурой. Ӕмӕ дӕ Хуыцауы ӕрвыст фыдмон куы хъыгдара, уӕд-иу дын уый ӕрцӕгъддзӕн, ӕмӕ та-иу дын фенцондӕр уыдзӕн».

17 Саул сын дзуапп радта: «Ссарут мын хорз фӕндырдзӕгъдӕг ӕмӕ мӕм ӕй ӕрбакӕнут».

18 Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды».

19 Саул Йессеймӕ арвыста минӕвар, цӕмӕй йын зӕгъа: «Рарвит мӕм Давиды, фыстӕ чи хизы, дӕ уыцы фырты».

20 Йессей хӕрӕгыл сӕвӕрдта дзултӕ, сӕны лалым, равзӕрста иу сӕныкк ӕмӕ сӕ йӕ фырт Давидимӕ Саулӕн арвыста.

21 Афтӕмӕй Давид ӕрцыди Саулмӕ ӕмӕ йын лӕггад кодта. Тынг фӕцыди Саулы зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ хотыхдар скодта йӕхицӕн.

22 Саул арвыста Йессейӕн афтӕ зӕгъынмӕ: «Уадз ӕмӕ мын Давид лӕггад кӕна, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд».

23 Ӕмӕ-иу Хуыцауы ӕрвыст фыдмон Саулы куы хъыгдардта, уӕд-иу Давид йӕ къухмӕ райста хъисын ӕмӕ цагъта. Саулӕн-иу фенцон ис, йӕ чемы-иу ӕрцыди, ӕмӕ-иу ӕй фыдмон ныууагъта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan