1 Паддзахӕдтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСаулы хӕст амалекӕгтимӕ 1 Самуел загъта Саулӕн: «Дунедарӕг мӕ рарвыста дӕу Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, паддзахӕй байсӕрдынмӕ. Гъемӕ байхъус, Дунедарӕг дын цы фӕдзӕхсы, уымӕ. 2 Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: „Нӕ Мӕ ферох, амалекӕгтӕ Израилӕн цы бакодтой, уый: Мысырӕй куы рацыди, уӕд ын йӕ фӕндагыл сӕвӕрдтой цӕлхдур. 3 Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“». 4 Саул адӕммӕ фӕсидт ӕмӕ сӕ Телаимы банымадта: дыууӕсӕдӕ мин фистӕджы, стӕй ма Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй дӕр дӕс мин лӕджы. 5 Саул амалекӕгты сахары онг бахӕццӕ ис ӕмӕ тӕрфы сӕ размӕ бабадти. 6 Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты ’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты. 7 Саул амалекӕгты басаста, дӕрӕнгӕнгӕ сӕ йӕ разӕй айста Хавилайӕ суанг Мысыры ӕмарӕн Шуры онг. 8 Амалекаг паддзах, Агаг, удӕгасӕй йӕ къухы бафтыд, йӕ адӕмы та йын кардӕй фӕцагъта. 9 Фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм фӕтӕригъӕд кодтой Агагӕн, нӕ сӕ бафӕндыд фыстӕ ӕмӕ стурты хуыздӕрты, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ уӕрыччыты ныццӕгъдын. Цӕвиттон, зынаргъдӕрӕй цы уыд, ууыл бацауӕрстой, ӕвзӕрдӕр ӕмӕ ницӕйагдӕрӕй цы разынд, уыдон та ныффалгӕрон кодтой. Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Саулыл 10 Дунедарӕг Самуелӕн загъта: 11 «Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ. 12 Сӕумӕрайсом араст ис Саулы агурӕг. Самуелӕн фехъусын кодтой, Саул Кармелмӕ бацыди, уым йӕхицӕн кады цыртдзӕвӕн ныссагъта, стӕй уырдыгӕй рацыди ӕмӕ Гилгалмӕ ныххӕццӕ ис, зӕгъгӕ. 13 Самуел Саулыл куы бамбӕлди, уӕд ын Саул загъта: «Дунедарӕджы арфӕ дӕ уӕд! Ӕз сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст». 14 Фӕлӕ йын Самуел афтӕ: «Уӕдӕ уый цавӕр фысты уасын уайы мӕ хъустыл, цавӕр стурты богътӕ хъусын ӕз?» 15 Саул ын дзуапп радта: «Амалекӕгтӕй сӕ ӕрбатардтой адӕм. Фыстӕ ӕмӕ стуртӕн сӕ хуыздӕртыл бацауӕрстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывондӕн. Иннӕты се ’ппӕты дӕр ныццагътам». 16 Самуел Саулы фӕурӕдта: «Дӕ дзыхыл хӕц! Дысон мын Дунедарӕг цы раргом кодта, уый дын радзурон». Саул ын загъта: «Радзур». 17 Самуел зӕгъы: «Кӕд дӕхи цӕсты ницы уыдтӕ, уӕддӕр Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ сӕргъы нӕ лӕууыс, ӕви? Дунедарӕг дӕ Израилӕн байсӕрста паддзахӕй. 18 Стӕй дӕ Дунедарӕг арвыста ӕмӕ дын загъта: „Ацу ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтимӕ, амалекӕгтимӕ, схӕц, цалынмӕ сӕ — Мӕнӕн нывонды охыл — ныццӕгъдай, уӕдмӕ“. 19 Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?» 20 Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ куы байхъуыстон. Араст дӕн, кӕдӕм мӕ арвыста, уырдӕм, ӕрбакодтон амалекаг паддзах Агагы ӕмӕ амалекӕгты ныццагътон — Дунедарӕгӕн нывонды охыл. 21 Цӕгъдинаг фыстӕ ӕмӕ стуртӕн та адӕм сӕ хуыздӕртӕ уый тыххӕй райстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ӕрхӕссой Гилгалы». 22 Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй. 23 Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай». 24 Саул загъта Самуелӕн: «Аххосджын дӕн ӕз — нӕ сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ дӕ дзырд. Адӕмӕй фӕтарстӕн ӕмӕ сӕм байхъуыстон. 25 Фӕлӕ мын ныр мӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн, мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувон». 26 Самуел ын дзуапп радта: «Нӕ раздӕхдзынӕн демӕ. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл атигъ кодтай дӕхи, ӕмӕ дыл Дунедарӕг дӕр Йӕхи атигъ кодта — Израилӕн нал уыдзынӕ йӕ паддзах». 27 Самуел, ацӕуон, зӕгъгӕ, куыд фӕзылд, афтӕ йын Саул йӕ пӕлӕзы фӕччи ацахста, ӕмӕ йын аскъуыд. 28 Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн. 29 Израилы кадджын Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн Йӕ тӕрхоныл, уымӕн ӕмӕ адӕймаг нӕу — Йӕ тӕрхон нӕ ивы». 30 Саул загъта: «Аххосджын дӕн, фӕлӕ мӕ, дӕ хорзӕхӕй, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт Израилы цӕсты ма бафтау. Мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скувон». 31 Самуел раздӕхти Саулы фӕдыл, ӕмӕ Саул Дунедарӕгмӕ скуывта. 32 Уый фӕстӕ Самуел загъта: «Ӕрбакӕнут мӕм амалекаг паддзах Агагы». Агаг ӕм зыр-зыргӕнгӕ ӕрбацыди ӕмӕ зӕгъы: «Бӕгуы мӕ фӕивгъуыдта карз мӕлӕты азар!» 33 Фӕлӕ Самуел загъта: «Дӕ кард сылгоймӕгты сӕ цотӕй ӕнӕхай куыд кодта, афтӕ дӕ мад дӕр йӕ фыртӕй ӕнӕхай фӕуӕд!» Ӕмӕ Гилгалы, Дунедарӕджы раз, аргӕвста Агагы. 34 Стӕй Самуел ацыди Рамамӕ. Саул дӕр ссыд йӕ хӕдзармӕ, Саулы Гевӕмӕ. 35 Самуел йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр нал федта Саулы, кӕд ыл хъынцъым кодта, уӕддӕр. Фӕлӕ ницыуал гӕнӕн уыд — Дунедарӕг фӕфӕсмон кодта, Саулы Израилӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia