Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иу бон Ионатан, Саулы фырт, йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ, уӕртӕ фалӕрдыгӕй цы филистимаг ӕфсӕддон къорд лӕууы, уымӕ бахъуызӕм». Ӕрмӕст йӕ фыдӕн уый тыххӕй ницы ской кодта.

2 Ныр Саул та Гевӕйы арӕныл, Мигроны, ӕрлӕууыди гранат бӕласы бын. Йемӕ уыд иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.

3 Уыдонимӕ — Ахитувы фырт Ахийа дӕр, ефод-иу хӕрдмӕ чи систа, уый, раздӕр Силомы Дунедарӕджы сауджын чи уыди, уыцы Елиайы байзӕддаг. Ахитув ӕмӕ йе ’фсымӕр Ихавод Елиайы фырт Пинхасы фырттӕ уыдысты. Саулимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй дӕр ничи зыдта, Ионатан кӕй ацыд, уый.

4 Ионатан филистимӕгты къорды ’рдӕм кӕуылты хъуызыд, уымӕн йӕ фӕйнӕфарс уыди дыууӕ цыргъ къӕдзӕхы. Сӕ иу хуынди Боцец, иннӕ та — Сенне.

5 Иу дзы уыди цӕгатӕрдыгӕй, Михмасы ныхмӕ, иннӕ та — хуссарӕрдыгӕй, Гевӕйы ныхмӕ.

6 Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».

7 Йӕ хотыхдар ын дзуапп радта: «Куыддӕриддӕр дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн. Дӕхиуыл куыд ӕууӕндыс, мӕныл дӕр афтӕ ӕууӕнд».

8 Ионатан загъта: «Ӕввахс бацӕуӕм ацы адӕммӕ, куыд нӕ бафиппайой, афтӕ.

9 Куы нын зӕгъой: „Фӕлӕуут, цалынмӕ уӕм нӕхӕдӕг ныццӕуӕм, уӕдмӕ“, уӕд ӕрлӕудзыстӕм, нӕ сӕм ссӕудзыстӕм.

10 Фӕлӕ нын афтӕ куы зӕгъой: „Ссӕут нӕм“, уӕд уымӕй базондзыстӕм, Дунедарӕг нын сӕ нӕ къухтӕм кӕй радта, уый. Ӕмӕ сӕм ссӕудзыстӕм».

11 Филистимӕгтӕ сӕ куы федтой, уӕд загътой: «Мӕнӕ дзуттӕгтӕ се ’мбӕхсӕн цъассытӕй рацыдысты».

12 Ӕмӕ Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдармӕ фӕсидтысты: «Ссӕут нӕм, цыдӕр зӕгъинаг уын стӕм!» Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Рацу мӕ фӕдыл! Дунедарӕг сӕ Израилы къухтӕм дӕтты».

13 Ӕмӕ Ионатан схылди уӕлӕмӕ, къӕдзӕхыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕй хӕцгӕйӕ, хотыхдар дӕр — йӕ фӕдыл. Филистимӕгтыл сӕхи ныццавтой, ӕмӕ уыдон хаудысты Ионатаны раз. Йӕ хотыхдар йӕ фӕдыл цыд ӕмӕ сӕ мардта.

14 Уыцы фыццаг тохы Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдар амардтой ссӕдз лӕджы бӕрц. Уый ӕрцыди, галты цӕд боны ӕрдӕгмӕ кӕй бахуым кӕны, уыйас зӕххы гӕппӕлыл.

15 Филистимӕгтӕ иууылдӕр фӕудаист сты: рӕсӕнуаты ӕмӕ йӕ алфамбылай чи уыдис, уыдон, стӕй бӕстӕ гӕныстонгӕнджытӕ ӕмӕ Михмасмӕ бацӕуӕн хъахъхъӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмризӕджы рызтысты. Ӕгас зӕхх дӕр нынкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау стыр тас бафтыдта филистимӕгтыл.

16 Саулы бӕрӕгдзаутӕ Бениамины Гевӕйӕ уыдтой, филистимӕгтӕ фыр адӕргӕй куыд схъомпал сты, уый.

17 Саул, йемӕ чи уыд, уыдонӕн загъта: «Ӕркӕсут адӕммӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, нӕхионтӕй ардыгӕй чи ацыд, уый». Ӕркастысты, ӕмӕ Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдар бынаты нӕ разындысты.

18 Саул Ахийайӕн загъта: «Ӕрбахӕсс-ма Хуыцауы Фидыды Чырын». Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Фидыды Чырын израилӕгтӕм уыди.

19 Фӕлӕ Саул йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ филистимӕгтӕ сӕ рӕсӕнуаты бынтондӕр скатай сты, ӕмӕ Саул сауджынӕн загъта: «Фӕлӕуу-ма».

20 Саул ӕмӕ йӕ адӕм ныхъхъӕр кодтой ӕмӕ хӕцӕнмӕ абырстой. Ӕмӕ дын мӕнӕ филистимӕгтӕ сӕ кӕрдтӕ куы сласиккой кӕрӕдзимӕ. Фыд азар сыл бафтыд.

21 Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ раздӕр уыдысты филистимӕгтимӕ, хӕцыдысты сӕ фарс, фӕлӕ ныр баиу сты, Саул ӕмӕ Ионатанимӕ чи уыд, уыцы израилӕгтимӕ.

22 Ефремы хӕхбӕсты йӕхи чи ӕмбӕхста, уыцы израилӕгтӕ дӕр, филистимӕгтӕ фӕлидзӕг сты, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ семӕ схӕцыдысты.

23 Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.


Саулы уӕлахиз ӕмӕ Ионатаны фервӕзт

24 Уыцы бон израилӕгтӕ тынг бастадысты, фӕлӕ Саул басомы кодта: «Ӕлгъыст фӕуӕд, изӕрмӕ къӕбӕры хъӕстӕ чи фӕуа, уый! Хъуамӕ уал раздӕр ме знӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕмӕ адӕмӕй хойраг йӕ дзыхмӕ ничи схаста.

25 Хъӕдмӕ цӕуын сӕ бахъуыд. Иу ӕрдузы хъуамӕ уыдаид мыды фӕзгъӕртӕ.

26 Адӕм федтой, мыд куыд тӕдзы, уый, фӕлӕ дзы йӕ дзыхмӕ ничи схаста, уымӕн ӕмӕ ӕлгъыстӕй тарстысты.

27 Ионатан та нӕ фехъуыста, йӕ фыд адӕмыл ӕлгъысты азар кӕй сӕвӕрдта, уый. Йӕ лӕдзӕджы кӕрон мыды стылдта, ацахуыста дзы, ӕмӕ йӕ цӕсгом фӕрухс ис.

28 Уӕд ын чидӕр афтӕ бакодта: «Дӕ фыд адӕмӕн загъта, ӕлгъыст, дам, фӕуӕд, ацы бон къӕбӕр чи сахода, уый. Ӕмӕ адӕм бастадысты».

29 Ионатан загъта: «Мӕ фыды аххосӕй уынгӕджы фесты адӕм. Ӕрбакӕсут-ма, уыцы мыдӕй куы сахуыстон, уӕд мӕ цӕсгом куыд фӕрухс!

30 Уӕдӕ адӕм дӕр, знагӕй цы байстой, уымӕй абон куы бахордтаиккой, уӕд филистимӕгтӕ тынгдӕр дӕрӕнгонд не ’рцыдаиккой?»

31 Уыцы бон израилӕгтӕ ныддӕрӕн кодтой филистимӕгты ӕмӕ сӕ Михмасӕй Айалонмӕ аппӕрстой. Тынг бастадысты адӕм.

32 Тӕлӕттаг фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ родтыл сӕхи ныццавтой ӕмӕ-иу сӕ зӕххыл ӕрбаргӕвстой. Сӕ туг-иу нӕма рацыди, афтӕмӕй сӕ хордтой.

33 Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Мӕнӕ адӕм Дунедарӕджы раз тӕригъӕды цӕуынц — фыдызгъӕл тугимӕ хӕрынц». Саул загъта: «Тӕригъӕд ми бакодтат. Ӕрбатулут-ма мӕм стыр дур».

34 Уый фӕстӕ Саул загъта: «Ӕрзилут адӕмыл ӕмӕ сын зӕгъут: алчидӕр мӕм ӕрбакӕнӕд йӕ гал кӕнӕ йӕ фыс. Ам сӕ ӕргӕвдут ӕмӕ хӕрут. Дунедарӕджы раз тӕригъӕды ма цӕут, фыдызгъӕл тугимӕ ма хӕрут». Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв ӕппӕт адӕм дӕр ӕрбакодтой сӕ фос ӕмӕ сӕ уым ӕргӕвстой.

35 Афтӕмӕй Саул Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый йӕ конд нывондхӕссӕнтӕн уыди сӕ фыццаг.

36 Саул загъта: «Ахсӕв филистимӕгты фӕдыл абырсӕм ӕмӕ сӕ бастигъӕм. Сӕумӕцъӕхтӕм дзы иу дӕр удӕгасӕй мауал ныууадзӕм». Загътой йын: «Куыд дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн». Фӕлӕ сауджын загъта: «Хуыцауы уал бафӕрсӕм».

37 Саул бафарста Хуыцауы: «Филистимӕгты фӕдыл абырсон? Израилы къухтӕм сӕ ратдзынӕ ӕви нӕ?» Фӕлӕ йын Хуыцау уыцы бон ницы дзуапп радта.

38 Уӕд Саул загъта: «Ардӕм-ма рацӕут, адӕмы хицӕуттӕ, уе ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, абоны тӕригъӕд цӕй мидӕг ис, уый!

39 Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилӕн уӕлахиз чи радта, Уымӕй — суанг мӕ фырт Ионатан куы разына азымджын, уӕд уый дӕр ӕнӕмӕнг мард ӕрцӕудзӕн!» Фӕлӕ йын ӕппӕт адӕмӕй дзуапп ничи радта.

40 Саул Израилы адӕмӕн загъта: «Сымах слӕуут иуӕрдыгӕй, ӕз та мӕ фырт Ионатанимӕ — иннӕрдыгӕй». Саулӕн загътой: «Куыд дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн».

41 Саул Дунедарӕгмӕ скуывта: «Израилы Хуыцау! Дӕ цагъарӕн абон дзуапп цӕуылнӕ радтай? Кӕд азымджын ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатанӕй исчи у, уӕд, о Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, хӕлттӕй схауын кӕн „урим“, кӕд ӕмӕ азымджын Израилы адӕм сты, Дӕ адӕм, уӕд та — „туммим“». Схаудта Ионатан ӕмӕ Саулы хал, адӕм та ӕназым разындысты.

42 Саул загъта: «Ныр та ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатаны тыххӕй сӕппарут хӕлттӕ». Схаудта Ионатаны хал.

43 Саул Ионатанӕй ӕрдомдта: «Цы бакодтай? Зӕгъ-ма мын ӕй». Ионатан ын дзуапп радта: «Мӕ лӕдзӕджы кӕронӕй мыдӕй ацахуыстон. Фӕлӕ ныр цӕттӕ дӕн амӕлынмӕ».

44 Саул загъта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ды, Ионатан, куынӕ амӕлай, уӕд!»

45 Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.

46 Саул ныууагъта филистимӕгты ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхти. Филистимӕгтӕ дӕр ацыдысты сӕ бӕстӕм.


Саулы бинонтӕ

47 Саул Израилы ӕрфидар кодта йӕ паддзахдзинад ӕмӕ йӕ алфамбылай знӕгтӕй алкӕимӕ дӕр хӕцыди: тох кодта моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, едомӕгтӕ, Цовайы паддзах ӕмӕ филистимӕгтимӕ. Кӕдӕмдӕриддӕр-иу бабырста, уым-иу фӕуӕлахиз.

48 Хӕцыди хъӕбатырӕй. Ныддӕрӕн кодта амалекаг лӕбурджыты ӕмӕ сын сӕ азарӕй фервӕзын кодта Израилы адӕмы.

49 Саулӕн уыди фырттӕ: Ионатан, Ишви ӕмӕ Малкишуа. Йӕ дыууӕ чызгӕй хистӕр хуынди Мерав, кӕстӕр та — Мелхолӕ.

50 Йӕ ус — Ахимаацы чызг Ахиноам. Йе ’фсады хицау хуынди Авнер. Уый уыди Саулы фыды ’фсымӕр Неры фырт.

51 Саулы фыд Киш ӕмӕ Авнеры фыд Нер Авиелы фырттӕ уыдысты.

52 Саулы заман филистимӕгтимӕ иудадзыг цыди карз хӕст. Саул-иу тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын лӕгыл куы амбӕлди, уӕд-иу ӕй йе ’фсадмӕ ӕрбакодта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan