Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ног хӕст филистимӕгтимӕ

1 Саулыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыд, Израилы паддзах куы сси, уӕд. Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы.

2 Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.

3 Ионатан ныддӕрӕн кодта, филистимӕгтӕн Гевӕйы цы ӕфсады къорд лӕууыд, уый, ӕмӕ филистимӕгтӕн уыцы хабар сӕ хъустыл ӕрцыд. Ныр Саул та ӕгас бӕстӕйыл сыкъауадындзӕй ныууасын кодта ӕмӕ фӕсидт: «Фехъусӕнт дзуттӕгтӕ!»

4 Ӕппӕт Израилы дӕр куы фехъуыстой, Саул ныддӕрӕн кодта филистимӕгты ӕфсады къорд, ӕмӕ Израил филистимӕгтӕн бынтондӕр фенӕуынон ис, уӕд адӕм Саулмӕ ӕрӕмбырд сты Гилгалы сахармӕ.

5 Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.

6 Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.

7 Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ахызтысты Иорданы фаллаг фарсмӕ — Гады зӕхмӕ ӕмӕ Галаадмӕ. Саул та нырма Гилгалы уыди, ӕмӕ, йемӕ цы адӕм баззад, уыдон иууылдӕр ӕмризӕджы рызтысты.


Самуелы уайдзӕф Саулӕн йӕ хивӕнды тыххӕй

8 Самуел цы ӕмгъуыд скодта, уымӕ гӕсгӕ йӕм Саул авд боны банхъӕлмӕ касти, фӕлӕ Самуел не ’рбацыди Гилгалмӕ, ӕмӕ адӕм фӕйнӕрдӕм лидзын райдыдтой.

9 Уӕд Саул загъта: «Ракӕнут-ма мӕм иууылсудзинаг нывондаг ӕмӕ фидыды нывондӕгтӕ». Ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста.

10 Йӕ иууылсудзинаг нывонд хаст нӕма фӕци, афтӕ ӕрбахӕццӕ Самуел, ӕмӕ Саул йӕ размӕ рауади салам ын раттынмӕ.

11 Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не ’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты,

12 ӕмӕ ахъуыды кодтон: ныртӕккӕ мӕм филистимӕгтӕ ӕрбабырсдзысты Гилгалмӕ, ӕз та Дунедарӕгӕн нӕма балӕгъстӕ кодтон. Гӕнӕн мын куынӕуал уыд, уӕд мӕхӕдӕг ӕрхастон иууылсудзинаг нывонд».

13 Самуел загъта Саулӕн: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дунедарӕг дын, дӕ Хуыцау, цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай. Ӕндӕра дын Дунедарӕг дӕ хӕдзарӕн раттаид Израилы сӕргъы мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕныны бар.

14 Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Дунедарӕг Йӕхицӕн бацагурдзӕн зӕрдӕхцон адӕймаг ӕмӕ йӕ скӕндзӕн Йӕ адӕмы фӕтӕг, уымӕн ӕмӕ Йын ды Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтай».

15 Уыйадыл Самуел ацыди Гилгалӕй. [Адӕмӕй ма дзы чи баззади, уыдон дӕр Саулы фӕдыл Гилгалӕй знаджы ныхмӕ хӕцынмӕ Бениамины Гевӕмӕ араст сты.] Саул йӕ адӕмы банымадта, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц.


Ионатаны фесгуыхт Михмасы хӕсты

16 Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан, семӕ цы адӕм баззад, уыдонимӕ ӕрбынат кодтой Бениамины Гевӕйы. Филистимӕгты рӕсӕнуат та Михмасы уыди.

17 Филистимӕгты рӕсӕнуатӕй ӕртӕ къорды рацыд бӕстӕ гӕныстон кӕнынмӕ. Сӕ иу араст Офрамӕ фӕндагыл, Шуалы зӕхмӕ,

18 иннӕ — Бет-Хоронмӕ фӕндагыл, ӕртыккаг къорд та йӕ ных сарӕзта, Цевоимы дӕлвӕз ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры ацы фарс цы хӕхты рагъ ис, уырдӕм.

19 Уыцы заман Израилы иунӕг куырд дӕр нӕ уыди — филистимӕгтӕ тарстысты, дзуттӕгтӕ сӕхицӕн кӕрдтӕ ӕмӕ ӕрцытӕ куы саразой, уымӕй.

20 Алы израилаг дӕр йӕ дзыргъа, йӕ рувӕн, йӕ фӕрӕт кӕнӕ йе ’хсырф цыргъ кӕнынмӕ филистимӕгтӕм хаста.

21 Цыргъгӕнӕггаг та — дзыргъайӕн, рувӕнӕн, ӕртӕкъахыгӕн, фӕрӕтӕн, фостӕрӕн хъилӕн — шекелӕн йӕ дыууӕ ӕртыккаг хайы.

22 Тохы бон куы ралӕууыд, уӕд Саул ӕмӕ Ионатанимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй никӕмӕ разынди нӕдӕр кард, нӕдӕр арц. Ахӕм хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрмӕст Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатанмӕ уыди.

23 Филистимӕгты ӕфсӕддон къорд рацыди Михмасмӕ бацӕуӕн бахъахъхъӕнынмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan