Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Паддзахӕдтӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Самуелы фӕстаг раныхас

1 Самуел загъта Израилы дзыллӕйӕн: «Уӕ курдиат уын сӕххӕст кодтон, уӕ сӕргъы уын сӕвӕрдтон паддзах.

2 Гъемӕ мӕнӕ уӕ паддзах. Абонӕй фӕстӕмӕ уын уый кӕндзӕни хицауиуӕг. Ӕз базӕронд дӕн, сурс дӕн, фӕлӕ мӕ фырттӕ дӕр уемӕ баззайдзысты. Мӕ сабибонтӕй абонмӕ уын лӕггад фӕкодтон.

3 Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».

4 Дзуапп ын радтой: «Ды нӕ никӕй бастыгътай, никӕй нӕ бафхӕрдтай, никӕмӕй нӕ ницы райстай».

5 Уый сын загъта: «Абон Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрст — ӕвдисӕнтӕ, кӕй ницы мӕм ссардтат азымӕй, уый тыххӕй». Дзуапп ын радтой: «Ӕвдисӕнтӕ».

6 Уӕд сын Самуел загъта: «Моисей ӕмӕ Аароны Чи равзӕрста ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг — ӕвдисӕн.

7 Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон.

8 Йаков йӕ фырттимӕ Мысырмӕ куы ацыд ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ мысырӕгты къухӕй ӕфхӕрд куы баййӕфтой, уӕд уыдон Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ Дунедарӕг рарвыста Моисей ӕмӕ Аароны. Уыдон уын уӕ фыдӕлты Мысырӕй ракодтой ӕмӕ сӕ мӕнӕ ацы зӕххыл ӕрцӕрын кодтой.

9 Фӕлӕ уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, куы ферох кодтой, уӕд сӕ Уый лӕвӕрдта Хацоры ӕфсады хицау Сисерайы къухтӕм, филистимӕгты къухтӕм ӕмӕ моаваг паддзахы къухтӕм. Уыдон хӕцыдысты уӕ фыдӕлтимӕ.

10 Уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой ӕмӕ загътой: „Фӕтӕригъӕдджын стӕм, ныууагътам Дунедарӕджы ӕмӕ куывтам Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕм. Фӕлӕ нӕ ныр фервӕзын кӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ кувдзыстӕм Дӕумӕ“.

11 Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.

12 Фӕлӕ аммонаг паддзах Нахаш уӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы“, афтӕмӕй та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг у уӕ паддзах.

13 Гъемӕ мӕнӕ, кӕй равзӕрстат, уыцы паддзах. Паддзах куырдтат, ӕмӕ уын ӕй Дунедарӕг сӕвӕрдта уӕ сӕргъы.

14 Дунедарӕгӕй куы тӕрсат, куы Йын куват, Йӕ коммӕ куы кӕсат, Йӕ фӕндоны ныхмӕ куынӕ лӕууат, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ паддзах дӕр Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл куы цӕуат, уӕд Дунедарӕг уӕ ныхмӕ нӕ рацӕудзӕн.

15 Фӕлӕ Дунедарӕджы коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ Йӕ фӕндоны ныхмӕ куы лӕууат, уӕд Дунедарӕг рацӕудзӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ паддзахы ныхмӕ.

16 Багъӕцут-ма ӕмӕ фендзыстут, Дунедарӕг уын цы стыр диссаг равдисдзӕн, уый.

17 Ныртӕккӕ мӕнӕугӕрдӕнтӕ не сты, ӕви? Фӕлӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувдзынӕн, ӕмӕ Уый рарвитдзӕн ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда, ӕмӕ сымах базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах куы ракуырдтат, уӕд Дунедарӕджы раз стыр тӕригъӕды кӕй бацыдыстут, уый».

18 Самуел Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ уыцы бон Дунедарӕг рарвыста ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда. Адӕм тынг фӕтарстысты Дунедарӕгӕй ӕмӕ Самуелӕй.

19 Адӕм Самуелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Дӕ цагъарты тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув, ӕмӕ ма амӕлӕм. Уымӕн ӕмӕ ма не ’ппӕт тӕригъӕдтӕм ноджы иу фыдракӕнд бафтыдтам, нӕхицӕн паддзах куы ракуырдтам, уӕд».

20 Самуел адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут! Кӕд ӕппӕт уыцы фыдракӕндтӕ сарӕзтат, уӕддӕр Дунедарӕгӕй уӕхи ма иуварс кӕнут, зӕрдиагӕй Йын кувут.

21 Ӕнӕуд хуыцӕутты фӕдыл та ма цӕут. Уыдон уын нӕдӕр исты пайда ӕрхӕсдзысты, нӕдӕр уӕ ирвӕзын фӕкӕндзысты, уымӕн ӕмӕ ницы сты.

22 Дунедарӕг Йе стыр номы хатырӕй Йӕ адӕмы дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон уыди сымахӕй Йӕхи адӕм саразын.

23 Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.

24 Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый.

25 Дарддӕр дӕр ма фыдбылыз куы аразат, уӕд та уӕ паддзахимӕ иумӕ бабын уыдзыстут».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan