1 Паддзахӕдтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСаулы фӕуӕлахиз аммонӕгтыл ӕмӕ йӕ ӕрхъула Галаады сахар Иавешыл 1 Уымӕй иу мӕй фӕстӕдӕр аммонаг Нахаш йе ’фсадимӕ ӕрбабырста ӕмӕ ӕрхъула кодта Галаады сахар Иавешыл. Иавешы цӕрджытӕ загътой Нахашӕн: «Цӕдис скӕн немӕ, ӕмӕ дӕ дӕлбартӕ уыдзыстӕм». 2 Аммонаг Нахаш сын дзуапп радта: «Уемӕ цӕдис скӕндзынӕн. Ӕцӕг уӕ хъуамӕ алкӕмӕн дӕр йӕ рахиз цӕст сӕппарон, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт Израилы дӕр ӕгады бынаты сӕвӕрон». 3 Уӕд ын Иавешы хистӕртӕ загътой: «Ратт нын авд боны, цӕмӕй Израилы алы кӕрӕттӕм арвитӕм минӕвӕрттӕ, ӕмӕ нын куы ничи баххуыс кӕна, уӕд дӕм рацӕудзыстӕм». 4 Минӕвӕрттӕ Саулы сахар Гевӕмӕ бацыдысты. Адӕмӕн Нахашы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдтой, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдтой. 5 Уыцы рӕстӕг Саул йӕ галты фӕстӕ ӕрбацӕйцыди быдырӕй ӕмӕ бафарста: «Цы ’рцыди адӕмыл, цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын Иавешы цӕрджыты ныхӕстӕ рафӕзмыдтой. 6 Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы Уд ӕртыхст, ӕмӕ йӕ маст рафыхти. 7 Дыууӕ галы суӕнгтӕ кодта ӕмӕ минӕвӕртты ӕххуысӕй хӕйттӕ Израилы алы кӕрӕттӕм арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: Саул ӕмӕ Самуелы фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уыдоны галтӕ дӕр афтӕ уӕнгтӕгонд ӕрцӕудзысты. Хуыцауы тас бацыди ӕппӕт адӕмы дӕр ӕмӕ сыстадысты иу лӕгау. 8 Саул сӕ Безекы банымадта, ӕмӕ уыдысты: Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕртӕсӕдӕ мин лӕджы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз мины. 9 Уыйадыл Иавешы минӕвӕрттӕн бафӕдзӕхстой: «Галаадаг Иавешы адӕмӕн афтӕ зӕгъут: „Райсом уӕм хуры ӕрбандӕвдимӕ фӕзындзӕн ӕххуыс“». Минӕвӕрттӕ аздӕхтысты, Иавешы адӕмӕн фехъусын кодтой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ зӕрдӕ барухс. 10 Иавешы цӕрджытӕ загътой Нахашӕн: «Райсом уӕм рацӕудзыстӕм, ӕмӕ уӕ цы бафӕнда, уый-иу нын бакӕнут». 11 Дыккаг райсом Саул адӕмы фӕдих кодта ӕртӕ къордыл, ӕмӕ уыдон сӕумӕйӕ знаджы рӕсӕнуаты смидӕг сты. Сихорафонмӕ дӕрӕн кодтой аммонӕгты. Чи ма сӕ аирвӕзти удӕгасӕй, уыдон фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты, дыууӕ лӕджы дӕр дзы нал аззад иумӕ. 12 Уӕд адӕм загътой Самуелӕн: «Чи дзырдта, Саул паддзахӕн нӕ бӕззы? Ракӕнут-ма уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ мах амарӕм». 13 Фӕлӕ Саул загъта: «Ацы бон никӕй хъӕуы марын — абон Дунедарӕг уӕлахиз радта Израилӕн». Саул сси Гилгалы паддзах 14 Самуел загъта адӕмӕн: «Цӕуӕм Гилгалмӕ ӕмӕ та уым ногӕй паддзах расидӕм». 15 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ацыдысты Гилгалмӕ. Уым Дунедарӕджы раз Саулы расидтысты паддзахӕй ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрхастой фидыды нывӕндтӕ. Стыр цины бӕрӕгбон сарӕзтой уым Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia