Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Коринфӕгтӕм 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй

1 Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, не ’ппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕввӕрсын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у.

2 Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.

3 Фӕлӕ Хуыцауы, чи Йӕ уарзы, уыцы адӕймаджы зоны.

4 Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.

5 Кӕд арвыл кӕнӕ зӕххыл ис, хуыцӕуттӕ кӕй хуындӕуы, ахӕмтӕ, — уымӕн ӕмӕ, «хуыцӕуттӕ» ӕмӕ «бардарджытӕ» кӕй хонынц, уыдон бирӕ сты, —

6 уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд Хуыцау ӕмӕ, ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Бардарӕг Йесо Чырысти.

7 Фӕлӕ алкӕмӕ фаг зонынад нӕй: иуӕй-иутӕ мӕнг хуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ нывондаг хойраг куы фӕхӕрынц, уӕд ӕй нымайынц гуымирыйӕн хаст нывондыл, ӕмӕ сын сӕ лӕмӕгъ ӕфсарм фӕзӕгъы, фӕчъизи сты, зӕгъгӕ.

8 Хойраг мах Хуыцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕны: куы нӕ хӕрӕм, уӕд дӕр нӕ ницы сӕфы; куы хӕрӕм, уӕд дӕр ныл ницы ӕфты.

9 Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъуырнджытӕн цӕлхдур ма суой.

10 Дӕумӕ ис зонынад, ӕмӕ дӕ исчи муртаттӕгты кувӕндоны фынгыл бадгӕ куы фена, уӕд, йӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын йе ’фсарм мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны бар нӕ ратдзӕн, ӕви?

11 Ӕмӕ дӕ зонынадӕй бабын уыдзӕни лӕмӕгъ — Чырысти кӕй сӕраппонд амард, дӕ уыцы ӕфсымӕр.

12 Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се ’фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ кӕныныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы.

13 Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan