1 Коринфӕгтӕм 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЛӕг ӕмӕ усы иумӕйаг цард 1 Сымах мӕм цӕй тыххӕй фыстат, ныр та уый фӕдыл: хорз у, нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы не ’рцӕуа, уӕд. 2 Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой. 3 Мой хъуамӕ ӕххӕст кӕна, йӕ усы раз ыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый; афтӕ ус дӕр. 4 Усы буарыл йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ мойы бар цӕуы. Афтӕ мойӕн дӕр йӕ буарыл йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ усы бар цӕуы. 5 Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзийӕ ут ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ — ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, — цӕмӕй та уый фӕстӕ ӕриу уат, ӕмӕ уӕ сайтан ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй. 6 Ӕниу ӕз уый бардзырды хуызы нӕ зӕгъын — ахӕм бар уын ис. 7 Мӕн фӕндид, цӕмӕй адӕм иууылдӕр уой мӕ хуызӕн, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр йӕхи сӕрмагонд курдиат ис Хуыцауӕй: иумӕ — иу, иннӕмӕ — иннӕ. 8 Къай кӕмӕн нӕй, уыдонӕн ӕмӕ идӕдз устытӕн та зӕгъын: мӕнау иунӕгӕй баззайын хуыздӕр у. 9 Фӕлӕ кӕд сӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразынц, уӕд курӕнт устытӕ ӕмӕ цӕуӕнт моймӕ. Уымӕн ӕмӕ монцы арты судзынӕй лӕг ӕмӕ усы цард кӕнын хуыздӕр у. 10 Усджын ӕмӕ моймӕдзыд чи у, уыдонӕн та ӕз нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг фӕдзӕхсы: ус йӕ мойы ма ныууадзӕд. 11 Куы йӕ ныууадза, уӕд та мой мауал скӕнӕд кӕнӕ йӕ моимӕ бафидауӕд; мой дӕр йӕ усӕй ма ахицӕн уӕд. 12 Иннӕтӕн та Бардарӕг нӕ, фӕлӕ ӕз зӕгъын: кӕд ӕфсымӕртӕй искӕмӕн ис ӕнӕуырнӕг ус ӕмӕ усы фӕнды йемӕ цӕрын, уӕд ӕй лӕг ма ныууадзӕд. 13 Ӕмӕ устытӕй дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг кӕмӕн ис, уымӕн кӕд йӕ мойы йемӕ цӕрын фӕнды, уӕд ӕй ус ма ныууадзӕд. 14 Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕгӕн йӕ зӕрдӕ йӕ уырнӕг усы фӕрцы ссыгъдӕг вӕййы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты. 15 Кӕд ӕнӕуырнӕджы ахицӕн фӕнды — ахицӕн уӕд; ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо сӕрибар сты. Хуыцау уӕ фидыдӕй цӕрын домы. 16 Ды цӕмӕй зоныс, сылгоймаг, ӕмӕ дӕ мойы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Кӕнӕ ды цӕмӕй зоныс, нӕлгоймаг, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Райгонд у дӕ уавӕрӕй 17 Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Бардарӕг куыд снысан кодта, афтӕ ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕм цы уавӕры фӕсидти, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр. 18 Сунӕтгондӕй дӕм фӕсидти Хуыцау — ма йӕ сусӕг кӕн; ӕнӕсунӕтӕй дӕм фӕсидти — сунӕт ма скӕн. 19 Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у — ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг. 20 Алчидӕр баззайӕд, Хуыцау ӕм куы фӕсидти, уӕд цы уыди, уымӕй. 21 Цагъайрагӕй дӕм фӕсидти — ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын. 22 Уымӕн ӕмӕ, Бардарӕг кӕмӕ фӕсидти, уыцы цагъары Бардарӕг ссӕрибар кодта; сӕрибарӕй кӕй ӕрхуыдта, уый та Чырыстийы цагъар у. 23 Сымах стыр аргъӕй балхӕдӕуыд — ма сут цагъартӕ адӕймагӕн. 24 Ӕфсымӕртӕ, кӕмӕ цы уавӕры ӕрсидтӕуыд, алчидӕр уыцы уавӕры баззайӕд Хуыцауы раз. Къайады фӕдыл ныхас 25 Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Бардарӕг ницы бафӕдзӕхста, фӕлӕ Бардарӕджы хорзӕхӕй хайджын чи у ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын. 26 Мӕ хъуыды ахӕм у: абоны зынтӕм гӕсгӕ адӕймагӕн хуыздӕр у, цы уавӕры ис, уыцы уавӕры баззайын. 27 Дӕ усимӕ къайадӕй баст дӕ? Йӕ фехалыныл ма архай. Усимӕ баст нӕ дӕ? Ус ракурыныл ма архай. 28 Ӕниу, ус куы ракурай, уӕд уымӕй тӕригъӕды не ’фтыс; ӕмӕ, чызг мой куы скӕна, уӕд уый дӕр уымӕй тӕригъӕды не ’фты. Фӕлӕ ахӕмтӕ сӕ царды ӕвзардзысты зынтӕ, ӕмӕ уыл мӕ зӕрдӕ риссы. 29 Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ усджынтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕхи дарой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ. 30 Кӕуджытӕ хъуамӕ ма уой кӕуджытау; цингӕнджытӕ — цингӕнджытау; ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уой, цыма сӕ къухы ницы бафтыд, уыйау. 31 Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ, мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы. 32 Мӕн та фӕнды, цӕмӕй сымах уат ӕнӕмӕт. Ӕнӕус мӕт кӕны Бардарӕджы хъуыддагыл, Бардарӕджы зӕрдӕ балхӕныныл. 33 Усджын та мӕт кӕны зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ усы зӕрдӕ балхӕныныл. Моймӕдзыд ӕмӕ ӕнӕцыд чызг ӕмхуызон не сты. 34 Ӕнӕмой мӕт кӕны Бардарӕджы хъуыддагыл, Бардарӕджы зӕрдӕ балхӕныныл, цӕмӕй буарӕй дӕр ӕмӕ удӕй дӕр уа сыгъдӕг. Моймӕдзыдӕн та йӕ мӕт зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ мойы зӕрдӕ балхӕныныл у. 35 Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ дзурын, уӕ пайдайӕн цы у, ууыл, цӕмӕй Бардарӕгӕн кусат, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна. 36 Кӕд искӕмӕ, йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи — йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй ницы тӕригъӕды бацӕудзӕн. 37 Фӕлӕ йӕ бар йӕхи кӕмӕн у, афтӕмӕй йӕ чызджы ӕнӕцыдӕй ныууадзыны фӕнд фидарӕй чи скодта ӕмӕ йӕ уыцы фӕнд аивыны хъуыды кӕмӕ нӕй, уый раст кӕны. 38 Уӕдӕ афтӕ: йӕ чызджы моймӕ чи дӕтты, уый раст кӕны; чи йӕ нӕ дӕтты, уый та ноджы растдӕр кӕны. 39 Усӕн цалынмӕ йӕ лӕг удӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у. Йӕ лӕг куы амӕла, уӕд, кӕмӕ фӕцӕуа, уый йӕхи бар у, фӕлӕ — Бардарӕгыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр ахӕммӕ. 40 Фӕлӕ уыцы ус, мӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ (мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕз дӕр Сыгъдӕг Удӕй хайджын дӕн), куынӕуал смой кӕна, уӕд амондджындӕр уыдзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia