1 Коринфӕгтӕм 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстУырнджыты хъаугъатӕ 1 Уӕ иу иннӕуыл куы бахъаст кӕны, уӕд уӕндгӕ та куыд бакӕны йӕ хъаст тӕригъӕдджынтӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ? 2 Сыгъдӕджытӕ ацы дунейӕн кӕй тӕрхон кӕндзысты, уый нӕ зонут, ӕви? Кӕд иугӕр дунейӕн сымах тӕрхон кӕндзыстут, уӕд хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ равзарыны аккаг не стут? 3 Зӕдтӕн мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕд зӕххон царды быцӕутӕ равзарын нӕ бон нӕу? 4 Кӕд ахӕм быцӕутӕ рауайы, уӕд сын тӕрхонгӕнджытӕй цӕмӕн сӕвӕрут, аргъуанмӕ чи ницы бар дары, уыдоны? 5 Цӕмӕй уӕхиуыл ӕрхудат, уый тыххӕй уын зӕгъын: йе ’фсымӕрты быцӕу чи равзара, иунӕг ахӕм зондджын лӕг дӕр уӕм нӕй, ӕви? 6 Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕрыл хъаст кӕны, уыимӕ йӕ хъаст ӕнӕуырнджыты размӕ хӕссы. 7 Кӕрӕдзиуыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ тынг ӕгад кӕны. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Истӕмӕй хъуаг куы ӕййафиккат, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид? 8 Сымах та уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ стигъут. Ӕмӕ кӕй? Уе ’фсымӕрты! 9 Ӕви тӕригъӕдджынтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ, 10 нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр кӕрӕфтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр хахуыргӕнджытӕ, нӕдӕр фӕлитойтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. 11 Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы. Кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй дӕр 12 Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ мын алцы пайда нӕу. Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ хъуамӕ мацӕй цагъар суон. 13 Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та — хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕ, фӕлӕ Бардарӕгӕн у, Бардарӕг та буарӕн дӕр йӕ хицау у. 14 Хуыцау Йӕ хъаруйӕ райгас кодта Бардарӕджы — райгас кӕндзӕни мах дӕр. 15 Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы! 16 Кӕнӕ, хъахбаимӕ чи баиу уа, уый йемӕ иу буар кӕй свӕййы, уый нӕ зонут, ӕви? Уымӕн ӕмӕ афтӕ загъдӕуыд: «Дыууӕ уыдзысты иу буар». 17 Бардарӕгимӕ чи баиу вӕййы, уый та монон ӕгъдауӕй Йемӕ иу у. 18 Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бацӕуы, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы. 19 Хуыцауӕй уын лӕвӕрд цы буар у, уый Сыгъдӕг Уды цӕрӕнут кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы, 20 Стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia