1 Коринфӕгтӕм 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔнӕуаг ми 1 Бӕлвырдӕй куыд фехъуыстон, афтӕмӕй уӕм ӕрцыди ахӕм ӕнӕуаг хъуыддаг, ӕмӕ суанг муртаттӕгтӕм дӕр никуыма уыди — чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ. 2 Хъал уӕвыны бӕсты сымахӕн кӕуын ӕмбӕлы! Уыцы хъуыддаг чи бакодта, уый нӕ фӕсырдтат уе ’хсӕнӕй. 3 Ӕз уӕм дард дӕн, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ уемӕ ис ӕмӕ, цыма ӕцӕгдӕр уемӕ дӕн, афтӕ бауынаффӕ кодтон, ахӕм хъуыддаг бакӕнӕгӕн цы бачындӕуа, уый тыххӕй: 4 Нӕ Бардарӕг Йесойы номыл куы ӕрӕмбырд уат, уӕд мӕ уд дӕр уыдзӕни уемӕ, ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕджы нӕ Бардарӕг Йесойы хъаруйӕ 5 бакӕнӕм сайтаны бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Бардарӕг тӕрхон куы кӕна, уыцы Бон. 6 Раппӕлинагӕй уӕм ницы ис. Армыдзаг ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй сӕнхъизын кӕны, уый нӕ зонут, ӕви? 7 Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд. 8 Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм Куадзӕн, зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлддзинад ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ. 9 Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон цӕуын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй. 10 Фӕлӕ зӕххы цъары хӕлд адӕм, кӕрӕфтӕ, стигъджытӕм, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ ӕмхуызонӕй нӕ уыдысты мӕ хъуыдыйы, — уӕд уӕ ацы дуне ныууадзын бахъӕуид. 11 Ӕз уӕм фыстон, цӕмӕй ӕмгӕрон ма цӕуат, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй та хӕтаг, кӕрӕф, мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг, цъыфкалӕг, расыггӕнаг кӕнӕ стигъӕг чи у, уымӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр макуы бадут. 12 Ӕнӕуырнджытӕн ӕз цӕмӕн хъуамӕ тӕрхон кӕнон? Уыдонӕн Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг. 13 Фӕлӕ уырнджытӕн сымах тӕрхон цӕуылнӕ кӕнут? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Фӕсурут уе ’хсӕнӕй хӕлд адӕймаджы!». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia