Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Коринфӕгтӕм 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Чырыстийы апостолтӕ

1 Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл.

2 Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын ис, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын.

3 Сымах кӕнӕ иннӕ адӕм мӕнӕн цы аргъ кӕнынц, уый мӕ не ’ндавы. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр мӕхицӕн аргъгӕнӕг нӕ дӕн.

4 Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Бардарӕг у.

5 Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.

6 Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл — иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕуыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат.

7 Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцауӕй лӕвӕрд нӕу, ӕви? Ӕмӕ дын кӕд Хуыцауӕй лӕвӕрд у, уӕд дӕхицӕй, цыма дӕхи у, афтӕ цы ӕппӕлыс?

8 Сымахмӕ ныридӕгӕн фагӕй фылдӕр ис ӕппӕт дӕр, ныридӕгӕн схъӕздыг стут, ӕнӕ мах систут паддзӕхтӕ. Бӕргӕ паддзахиуӕг ӕцӕгӕй куы кӕниккат, цӕмӕй мах дӕр уемӕ суӕм паддзӕхтӕ!

9 Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ махӕн, апостолтӕн, Хуыцау бынат снысан кодта ӕппӕты кӕронӕй, цыма нын адӕмы цӕсты раз амӕлыны тӕрхон рахастӕуыд, афтӕ. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне — зӕдтӕ ӕмӕ адӕм.

10 Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах — тыхджын; сымах кадджын стут, мах — ӕгад.

11 Абоны онг дӕр ма стонг ӕмӕ дойны ӕвзарӕм, бызгъуырты цӕуӕм ӕмӕ над ӕййафӕм, хӕдзар нын нӕй,

12 нӕ къӕбӕр уӕнгдыхӕй амал кӕнӕм. Ӕлгъитгӕ нӕ чи кӕны, уыдонӕн мах та Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ — мах фӕразӕм.

13 Цъыф ныл калынц, мах та сын фӕлмӕн ныхасӕй дзуапп дӕттӕм. Быронӕй уӕлдай не стӕм адӕмы цӕсты.

14 Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын.

15 Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй — Фарны Уац уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.

16 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.

17 Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы — Бардарӕгыл ӕнувыд чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ царды куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цардӕвӕрд у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.

18 Сымахӕй чидӕртӕ схъал сты — афтӕ сӕм кӕсы, цыма ӕз сымахмӕ нал ӕрцӕудзынӕн.

19 Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару,

20 уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъаруйӕ у.

21 Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон ӕви уарзтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕг зӕрдӕимӕ?

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan