Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Коринфӕгтӕм 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Павел хъусын кӕны Фарны Уац

1 Ӕфсымӕртӕ, куы уӕм ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад хъусын кӕнынмӕ, уӕд рӕсугъд ныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ уӕ цӕсты мӕхи зондджынӕй равдисыныл нӕ архайдтон.

2 Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарылтыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.

3 Ӕз сымахмӕ уыдтӕн лӕмӕгъӕй, ӕнцой нӕ зыдтон, аккаг куынӕ разынон, уымӕй тӕрсгӕйӕ.

4 Ӕмӕ Фарны Уац хъусын кодтон, адӕймаджы уӕлзондӕй чи райгуыры, ахӕм уырнинаг ныхӕсты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруимӕ,

5 цӕмӕй уӕ уырнындзинады бындур уа адӕймаджы уӕлзонд нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъару.


Хуыцауы уӕлзонд

6 Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,

7 фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл — дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Хуыцау нӕ кадӕн кӕй снысан кодта, ууыл.

8 Уыцы уӕлзонд а дунейы ӕлдариуӕггӕнджытӕй иу дӕр нӕ базыдта. Куы йӕ базыдтаиккой, уӕд кадджын Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ байтыгътаиккой дзуарыл.

9 Фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».

10 Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцауы уӕлзонды арфмӕ дӕр.

11 Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны.

12 Мах та схайджын стӕм ацы дунейы монӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый.

13 Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы цӕуы, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн.

14 Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.

15 Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн та аргъ кӕнын никӕй бон у.

16 Уымӕн ӕмӕ «Дунедарӕджы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын уынаффӕгӕнӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan