1 Коринфӕгтӕм 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔххуыс Йерусалимы аргъуанӕн 1 Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ. 2 Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр, йӕ къух куыд амоны, афтӕ йӕ мулкӕй рахицӕн кӕнӕд, цӕмӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг мауал уа. 3 Куы ӕрцӕуон, уӕд, аккагыл кӕй банымайат, уыдоны фыстӕджытимӕ арвитдзынӕн Йерусалиммӕ, цӕмӕй уын уӕ лӕвар фӕхӕццӕ кӕной. 4 Кӕд дзы уыцы сӕр бахъӕуа, ӕмӕ мӕхӕдӕг ацӕуон, уӕд уыдон дӕр мемӕ ацӕудзысты. Павел хаты коринфӕгтӕм 5 Ӕз уӕм ӕрцӕудзынӕн, ӕгас Македонийыл куы ӕрзилон, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрды Македонийыл ӕрзилын ис. 6 Афӕстиат уӕм уыдзынӕн, ӕвӕццӕгӕн. Чи зоны, мӕ зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут фӕндагмӕ, дарддӕр кӕдӕм цӕуон, уырдӕм. 7 Нӕ мӕ фӕнды сымахмӕ ӕхстуадӕй бауайын — Бардарӕджы фӕндӕй, иу цасдӕр уӕм кӕй фӕуыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ дарын. 8 Эфесы та фӕуыдзынӕн Къуыриты бӕрӕгбонмӕ — 9 кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын уым ис сӕрибар ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат. 10 Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр мӕнау Бардарӕгӕн кусы. 11 Ӕнӕрвӕссонтӕ йыл мачи кӕнӕд. Ифтонгӕй йӕ фарнимӕ афӕндараст кӕнут, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ — иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын. 12 Ныр та не ’фсымӕр Аполлосы тыххӕй. Ӕз ӕм тынг ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй ӕфсымӕртимӕ сымахмӕ ацӕуа, фӕлӕ йӕ ныртӕккӕ уый ницы хуызы бафӕндыд; фадат ын куы фӕуа, уӕд уӕм ацӕудзӕн. Фыстӕджы кӕронбӕттӕн 13 Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут. 14 Уӕ алы хъуыддаг дӕр уарзондзинадимӕ аразут. 15 Ахайы фыццаг чи баууӕндыди, уыдон Стефан ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ кӕй уыдысты ӕмӕ сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнынӕн сӕхи кӕй снывонд кодтой, уый уын зындгонд у. Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, 16 ахӕмты, стӕй ма уыцы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдоны коммӕ кӕсут. 17 Сымах мемӕ кӕй не стут, уый мын баххӕст кодтой Стефан, Фортунат ӕмӕ Ахаик. Райын се ’рцыдыл. 18 Сымахау мӕнӕн дӕр удӕнцой ӕрхастой. Ахӕмтӕ уӕм нымады уӕнт! 19 Салам уын ӕрвитынц Азийы аргъуантӕ; Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы уын зӕрдиаг салам — Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕ, стӕй, сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕй дӕр. 20 Саламтӕ уын ӕрвитынц ӕфсымӕртӕ иууылдӕр. Ӕфсымӕрон байӕ салам дӕттут кӕрӕдзийӕн. 21 Ныр та фыссын мӕхи къухӕй: салам уын Павелӕй. 22 Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та! 23 Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕ уӕд! 24 Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мын уе ’ппӕт дӕр стут уарзон адӕм! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia