Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Коринфӕгтӕм 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Гуымирытӕн кувын тӕссаг хъуыддаг у

1 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый.

2 Уыдонӕн се ’ппӕтыл дӕр Моисеимӕ саргъуыдӕуыд ӕврагъ ӕмӕ денджызы.

3 Се ’ппӕт дӕр хордтой уыциу монон хойраг.

4 Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.

5 Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг быдыры.

6 Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты — фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ.

7 Ма ут мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, уыдонӕй сын бирӕтӕ куыд куывтой, афтӕ; Сыгъдӕг Фыст уыдоны тыххӕй зӕгъы: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой».

8 Нӕхи бахизӕм хӕтынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ. Уый тыххӕй дзы иу бонмӕ ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины фӕмард.

9 Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.

10 Бустӕ ма кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бустӕ кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕд фӕцагъта.

11 Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.

12 Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа.

13 Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.

14 Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕм кувынӕй.

15 Ӕз зӕгъын, ӕмбаргӕтӕн куыд фӕзагъдӕуы, афтӕ. Ӕмӕ, цы зӕгъын, ууыл уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут.

16 Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви?

17 Дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах, бирӕ адӕм, иу буар стӕм, уымӕн ӕмӕ иу дзулӕй райсы алчидӕр йӕ хай.

18 Акӕсут-ма, туг-стӕгӕй израилаг чи у, уыдонмӕ — нывондӕй куы фӕхӕрынц, уӕд нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕ нӕ вӕййынц, ӕви?

19 Ӕз цы зӕгъын уымӕй? Мӕнгхуыцау исты у, кӕнӕ мӕнгхуыцауӕн ӕрхаст нывонд исты у?

20 Ницы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Фӕлӕ муртаттӕгтӕ цы нывӕндтӕ ӕрхӕссынц, уыдон Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн хӕссынц. Мӕн та нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕлимонтимӕ баст уат.

21 Бардарӕджы кӕхцӕй дӕр нуазат ӕмӕ дӕлимонты кӕхцӕй дӕр, уый уын не ’мбӕлы. Бардарӕджы фынгыл дӕр бадат ӕмӕ дӕлимонты фынгыл дӕр, уый уын не ’мбӕлы.

22 Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?


Цы кӕнут, уый — Хуыцауы кадӕн

23 Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы фидаргӕнӕг нӕу.

24 Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл.

25 Уӕййаг цыдӕриддӕр у, уый хӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.

26 Уымӕн ӕмӕ, «зӕхх, стӕй йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дунедарӕджы исбон сты».

27 Ӕнӕуырнджытӕй уӕ исчи куы фӕхона ӕмӕ уӕ ацӕуын куы бафӕнда, уӕд уын цы ӕрӕвӕрой, уый бахӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.

28 Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд зӕгъӕгӕй ма фефсӕрмы кӕнут ӕмӕ дзы ма бахӕрут.

29 Ӕз сымах ӕфсармы тыххӕй нӕ, фӕлӕ уыцы адӕймаджы ӕфсармы тыххӕй зӕгъын. Мӕ сӕрибарӕн мын кӕйдӕр ӕфсарм цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа тӕрхонгӕнӕг?

30 Кӕд мӕ къӕбӕр, Хуыцауӕй бузныг уӕвгӕйӕ, хӕрын, уӕд, бузныг цӕмӕй дӕн, уый тыххӕй мын исчи цӕмӕн хъуамӕ бауайдзӕф кӕна?

31 Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.

32 Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейӕгтӕн, нӕдӕр бердзенӕгтӕн, нӕдӕр Хуыцауы Аргъуанӕн,

33 Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan