Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Коринфӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Арфӕйы ныхӕстӕ

1 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Сосфенӕй —

2 Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕрцы Хуыцауыл фӕдзӕхст чи у ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытӕ суӕвынмӕ кӕмӕ фӕсидти, уыдонмӕ; стӕй, алы ран дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ном чи ары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.


Арфӕйы куывд

3 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.

4 Ӕз иудадзыг арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн, Йесо Чырыстийы руаджы сымах Йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, уый тыххӕй.

5 Уымӕн ӕмӕ Йесоимӕ баиуы руаджы сымах схъӕздыг стут дзырд ӕмӕ зонынады алы хӕзнатӕй.

6 Чырыстийы тыххӕй уын цы загъд уыди, уый цӕры уӕ зӕрдӕты.

7 Уымӕ гӕсгӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, иу курдиатӕй дӕр ӕнӕхай не стут.

8 Ӕмӕ уӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йе ’рцыды бон уат ӕназым.

9 Уымӕн ӕмӕ иузӕрдион у Хуыцау, Йӕ Фырт ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ уын бастдзинад саразыны охыл сымахмӕ Чи фӕсидти, Уый.


Быцӕутӕ аргъуаны

10 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.

11 Уымӕн ӕмӕ ӕз Хлойӕйы хӕдзаронтӕй фехъуыстон, ме ’фсымӕртӕ, хъаугъатӕ уӕм кӕй рауайы, уый.

12 Ӕз уый зӕгъынмӕ хъавын, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр дзуры: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Кифӕйы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Чырыстийы ахуыргӕнинаг дӕн».

13 Ау, Чырысти дихтӕ ныцци? Ӕви уӕ сӕраппонд Павел, мыййаг, ӕрцыди дзуарылтыгъд? Кӕнӕ донаргъуыд, мыййаг, Павелы номыл райстат?

14 Бузныг дӕн Хуыцауӕй, Крисп ӕмӕ Гайосы йеддӕмӕ сымахӕй кӕй никӕуыл саргъуыдтон, уый тыххӕй.

15 Афтӕ никӕй бон у зӕгъын, ӕмӕ мӕ номыл ӕрцыдыстут аргъуыд.

16 Саргъуыдтон ма Стефаны хӕдзаронтыл дӕр. Ӕндӕр ма искӕуыл саргъуыдтон, уый нӕ хъуыды кӕнын.

17 Чырысти мӕн аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ — куырыхон ӕмӕ вазыгджын ӕвзагӕй нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй, цӕмӕй Чырыстийы дзуарӕн йӕ нысаниуӕг ма фесӕфа.


Чырысти — Хуыцауы тых ӕмӕ зонд

18 Дзуары фӕдыл уазныхас кӕнын сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ ӕдылыдзинадыл нымайынц, фӕлӕ махӕн, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, уый Хуыцауы тых у.

19 Сыгъдӕг Фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Зондджынтӕн фесафдзынӕн се стыр зонд, ӕмбаргӕтӕ нал ӕмбардзысты».

20 Кӕм ис уыцы куырыхон? Кӕм ис уыцы динамонӕг? Кӕм ис ацы ӕнусы уыцы арфхъуыдыгӕнӕг? Ау, Хуыцау, ацы дунейы куырыхон зонд ӕцӕгӕй ӕдылыдзинад кӕй у, уый нӕ равдыста?

21 Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕдылы» Уацы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.

22 Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ диссӕгтӕ домынц, бердзенӕгтӕ зонд агурынц,

23 мах та хъусын кӕнӕм дзуарылтыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейӕгтӕн цӕлхдур у, муртаттӕгтӕ та йӕ ӕдылыйыл нымайынц.

24 Иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтӕй Хуыцау кӕмӕ фӕсидти, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.

25 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы «ӕдылыдзинад» адӕймаджы зондӕй уӕлдӕр у, ӕмӕ Хуыцауы «лӕмӕгъдзинад» адӕймаджы хъаруйӕ хъаруджындӕр у.

26 Ӕркӕсут-ма уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, Хуыцау уӕм куы фӕсидти, уӕд цавӕр уыдыстут: зӕххон барӕнтӕй баргӕйӕ, уе ’хсӕн бирӕ нӕ уыди зондджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди тыхджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди уӕздӕттӕй.

27 Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕдылы чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна зондджынты, ӕмӕ лӕмӕгъты — цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна тыхджынты.

28 Дунейы цӕсты ницӕйаг, ӕгад ӕмӕ ӕнахадгӕ чи уыди, Хуыцау уыдоны сӕвзӕрста, цӕмӕй ахадгӕты скӕна ӕнахадгӕ,

29 ӕмӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауы раз йӕхицӕй ма раппӕла.

30 Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,

31 цӕмӕй ӕрцӕуа, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Дунедарӕгӕй».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan