1 Иоанн 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМах уӕлахиз кӕнӕм дунейыл 1 Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр. 2 Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд уымӕй зонӕм, Йӕ хъӕбулты Йын кӕй уарзӕм, уый. 3 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты. 4 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый уӕлахиз кӕны дунейыл. Дуне саст цӕмӕй ӕрцыд, уый нӕ уырнындзинад у. 5 Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕууӕндӕг куынӕ фӕуӕлахиз уа дунейыл, уӕд ыл уӕвгӕ та чи фӕуӕлахиз уыдзӕн? Хуыцауы Фырты ӕвдисӕнтӕ 6 Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад. 7 Ис ӕртӕ ӕвдисӕны [уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се ’ртӕ дӕр иу сты. 8 Ӕртӕ ӕвдисӕны та зӕххыл ис]: Уд, дон ӕмӕ туг. Ӕмӕ се ’ртӕйӕн дӕр сӕ ныхас иу у. 9 Кӕд мах адӕймаджы ныхасыл ӕууӕндӕм, уӕд Хуыцауы ныхас та уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ уыцы ныхас Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта Йӕ Фырты тыххӕй. 10 Хуыцауы Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн Хуыцауы уыцы ныхас йӕ зӕрдӕйы ис. Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уый Йӕ ӕвдисы сайӕгойӕ, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕнды, Хуыцау Йӕ Фырты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхасыл. 11 Уыцы ныхас ууыл у, ӕмӕ нын Хуыцау ралӕвар кодта мыггагмӕйы цард, ӕмӕ уыцы цард Йӕ Фырты руаджы лӕвӕрд цӕуы. 12 Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн ис, уымӕн ис мыггагмӕйы цард. Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн нӕй, уымӕн та нӕй мыггагмӕйы цард. Ӕнусон цард 13 Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, цӕмӕй зонат, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый. 14 Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы. 15 Хуыцауӕй цыдӕриддӕр куы фӕкурӕм, уӕд нӕм кӕй хъусы, кӕд уый зонӕм, уӕд ма уыимӕ зонӕм, цы Дзы ракуырдтам, уый ныридӕгӕн нӕхи кӕй баци, уый дӕр. 16 Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын. 17 Алы галиу хъуыддаг дӕр тӕригъӕды бафтын у, фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд дӕр. 18 Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы. 19 Зонӕм ӕй: мах Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, дуне ӕнӕхъӕнӕй та хӕйрӕджы уацары ис. 20 Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард. 21 Мӕ хуртӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia