Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Иоанн 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕцӕгады Уд ӕмӕ фӕливӕг мон

1 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.

2 Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын.

3 Фӕлӕ афтӕ чидӕриддӕр зӕгъы, Йесо адӕймаджы буары не ’рцыд, зӕгъгӕ, уымӕ та Хуыцауы Уд нӕй — Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы мон ӕм ис. Сымах фехъуыстат, Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы мон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы мон ныридӕгӕн дунейы ис.

4 Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.

5 Уыдон дунейӕ сты ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы.

6 Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ, Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Афтӕмӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг моны.


Хуыцау у уарзондзинад

7 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзийы, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы.

8 Чи нӕ уарзы, уый нӕ базыдта Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзондзинад у.

9 Хуыцау мах кӕй уарзы, уый нын уымӕй раргом, ӕмӕ Йӕ иунӕг Фырты рарвыста дунемӕ, махӕн Йӕ фӕрцы цард куыд уа, афтӕ.

10 Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы. Хуыцау нӕ Йӕхӕдӕг бауарзта ӕмӕ Йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рарвыста фидауынгӕнӕг нывондӕн.

11 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд Хуыцау мах афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзийы.

12 Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ, кӕрӕдзийы куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты.

13 Мах Хуыцауимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Уый немӕ кӕй баиу, уый мах зонӕм, Йӕ Сыгъдӕг Удӕй нын кӕй бахай кодта, уымӕй.

14 Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн.

15 Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ, ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.

16 Хуыцау мах кӕй уарзы, уый базыдтам ӕмӕ баууӕндыдыстӕм уыцы уарзтыл. Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ, чи уарзы, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.

17 Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм Тӕрхоны Бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.

18 Уарзондзинадӕн тасимӕ иумӕйагӕй ницы ис, ӕцӕг уарзондзинад кӕм уа, уым тасӕн бынат нӕй. Уымӕн ӕмӕ, тӕрсгӕ чи кӕны, уый ныридӕгӕн ӕфхӕрд ӕййафы. Чи тӕрсы, уымӕн йӕ уарзт алцӕмӕй ӕххӕст нӕу.

19 Мах уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта.

20 Ӕз Хуыцауы уарзын, чи зӕгъы, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой. Уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй кӕй уыны, йӕ уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, цӕстӕй Кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын.

21 Ӕмӕ нын Уый бафӕдзӕхста, Хуыцауы чи уарзы, уый йе ’фсымӕры дӕр куыд уарза, афтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan