1 Иоанн 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны. 2 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй. 3 Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у. 4 Тӕригъӕды ӕфтыд чидӕриддӕр у, уый халы Хуыцауы ӕгъдау дӕр. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй хӕлд цӕуы Хуыцауы ӕгъдау. 5 Йесо тӕригъӕдтӕ ахӕссыны тыххӕй кӕй фӕзынд, уый сымах зонут. Йӕхӕдӕг та тӕригъӕдджын ницӕмӕй у. 6 Чидӕриддӕр Йемӕ баиу, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы. Тӕригъӕд чидӕриддӕр ракӕны, уый Йӕ нӕ федта ӕмӕ Йӕ нӕ базыдта. 7 Мӕ хуртӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ. 8 Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала. 9 Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд. 10 Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу. Кӕрӕдзийы уарзут 11 Райдианӕй мӕнӕ уыцы уац фехъуыстат: мах хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи. 12 Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст. 13 Ӕфсымӕртӕ, дуне уӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд. 14 Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис. 15 Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уыны, уый лӕгмар у. Сымах та зонут: лӕгмартӕй иуӕн дӕр мыггагмӕйы цард нӕй. 16 Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард. 17 Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн? 18 Мӕ хуртӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй ма уарзӕм, фӕлӕ нын зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй. 19 Уымӕй базондзыстӕм, мах ӕцӕгады хъӕбултӕ кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ Хуыцауы раз ӕнцой ссардзыстӕм нӕ зӕрдӕйӕн, 20 истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр. 21 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз. 22 Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон. 23 Йӕ фӕдзӕхст та ахӕм у: мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзӕм кӕрӕдзи, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ. 24 Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый Хуыцауимӕ ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис. Хуыцау немӕ кӕй ис, уый нын ӕргом кӕны, Йӕхӕдӕг нын Кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia