1 Иоанн 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЧырысти — нӕ Сӕрылхӕцӕг 1 Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти. 2 Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр. 3 Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын раргом вӕййы, кӕй Йӕ базыдтам, уый. 4 Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Ӕй базыдтон», фӕлӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ та не ’ххӕст кӕны, уый у фӕлитой, ӕмӕ ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы нӕ цӕры. 5 Фӕлӕ Йын Йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг ӕрцарди Хуыцауы уарзт. Уымӕй нын раргом вӕййы, мах Йемӕ кӕй баиу стӕм, уый. 6 «Ӕз баиу дӕн Йемӕ» чи зӕгъы, уый хъуамӕ цӕра, Йесо куыд цардис, афтӕ. Ног фӕдзӕхст 7 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕз уӕм цавӕрдӕр ног фӕдзӕхсты тыххӕй нӕ фыссын. Ӕз уӕм цы фӕдзӕхсты тыххӕй фыссын, уый рагон у — сымах ӕй зонут тӕккӕ райдианӕй. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас. 8 Ӕниу уӕм цы фыссын, уый ног фӕдзӕхст дӕр у — йӕ ӕцӕгад ӕвдыст ӕрцыд Чырыстийы цардӕй дӕр ӕмӕ уӕ цардӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ талынг фӕивгъуыйы, ӕмӕ ӕцӕг рухс ныридӕгӕн рухс кӕны. 9 Афтӕ чи зӕгъы, рухсы цӕрын, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый нырма талынджы цӕры. 10 Йе ’фсымӕры чи уарзы, уый рухсы цӕры, ницӕуылуал фӕкӕлы. 11 Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый та талынджы ис, йӕ фӕндаг талынг у, ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта. 12 Фыссын уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ уын хатыргонд сты уӕ тӕригъӕдтӕ Йесойы руаджы. 13 Фыссын уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Фыссын уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы. 14 Ныффыстон уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды. Ныффыстон уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы дзырд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы. 15 Ма уарзут дуне, стӕй, дунейы цы ис, уый дӕр. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы. 16 Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ. 17 Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни. Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг 18 Сабитӕ, рӕстӕджы кӕрон ӕрхӕццӕ! Куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныридӕгӕн дӕр Чырыстийӕн фӕзынди бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. 19 Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый. 20 Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад. 21 Ӕцӕгад цыма нӕ зонут, уый тыххӕй уӕм, мыййаг, нӕ ныффыстон, фӕлӕ йӕ кӕй зонут, стӕй, кӕцыфӕнды мӕнгдзинад ӕцӕгадӕй кӕй нӕ рацӕуы, уый дӕр уын зындгонд кӕй у, уый тыххӕй. 22 Сайӕгой чи у? Йесо, дам, Чырысти нӕу, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый. Ахӕм адӕймаг у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр. 23 Фыртыл чидӕриддӕр йӕхи тигъ кӕны, уымӕн хай нӕй Фыдӕй дӕр, фӕлӕ Фыртыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уымӕн хай ис Фыдӕй дӕр. 24 Райдианӕй цы фехъуыстат, уый цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Райдианӕй цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы цӕра, уӕд сымахӕн дӕр уыдзӕн иудзинад Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ дӕр. 25 Ӕмӕ нын Йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта мӕнӕ уымӕй — мыггагмӕйы цардӕй. 26 Ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз ныффыстон, уӕ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххӕй. 27 Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ. Хуыцауы хъӕбултӕ 28 Уӕдӕ, мӕ хуртӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ’рцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ. 29 Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia