Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Иоанн 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Царды Дзырд

1 Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕй цы басгӕрстам, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.

2 Уымӕн ӕмӕ нын Цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдимӕ чи уыди ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы Царды тыххӕй.

3 Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис.

4 Ацы ныхӕстӕ мах фыссӕм, цӕмӕй нӕ цинӕн кӕрон ма уа.


Хуыцау у рухс

5 Ӕмӕ уын мӕнӕ мах хъусын кӕнӕм, Уымӕй цы уац фехъуыстам, уый: Хуыцау у рухс ӕмӕ Йӕм мисхалы бӕрц дӕр талынг нӕй.

6 Кӕд мах дзурӕм, Йемӕ нын иудзинад ис, зӕгъгӕ, уӕвгӕ та талынджы цӕрӕм, уӕд сайгӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ цард ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ нӕу.

7 Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.

8 Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм, ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.

9 Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.

10 Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕды не ’фтӕм, зӕгъгӕ, уӕд Ӕй мах ӕвдисӕм сайӕгойӕ, ӕмӕ Йӕ ныхас нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan