Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Фессалоникӕгтӕм 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сымахмӕ, ӕфсымӕртӕ, афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдты тыххӕй фыссын ницӕмӕн хъӕуы.

2 Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, Бардарӕджы ’рцыды бон дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут.

3 Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.

4 Сымах та, ӕфсымӕртӕ, талынджы нӕ цӕрут, цӕмӕй уӕ уыцы бон хуыснӕгау ӕдзӕттӕйӕ ӕрӕййафа.

5 Уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр рухсы, стӕй боны хъӕбултӕ стут. Махӕн ӕхсӕв ӕмӕ талынгимӕ иумӕйагӕй ницы ис.

6 Уӕдӕ иннӕтау фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус.

7 Уымӕн ӕмӕ фынӕйгӕнджытӕ ӕхсӕв фӕфынӕй кӕнынц, ӕмӕ расыггӕнджытӕ ӕхсӕвы барасыг вӕййынц.

8 Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд.

9 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста Йӕ фыдӕх ныл бафтауынмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы фервӕзынмӕ.

10 Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ.

11 Уымӕ гӕсгӕ рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг — ӕнӕуи дӕр куыд кӕнут, афтӕ.


Кӕронбӕттӕны фӕндиӕгтӕ ӕмӕ арфӕтӕ

12 Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: нымайут, зӕрдиагӕй уӕм чи лӕггад кӕны ӕмӕ уын зонд чи амоны, Хуыцауы раз чи лӕууы, уыцы хистӕрты.

13 Уарзут сӕ ӕмӕ сын уӕлдай аргъ кӕнут сӕ куысты тыххӕй. Кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй.

14 Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.

15 Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.

16 Цин кӕнут кӕддӕриддӕр.

17 Кувут иудадзыг.

18 Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг ут Хуыцауӕй. Сымахмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕм, Хуыцау уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

19 Сыгъдӕг Уды рухс ма мынӕг кӕнут.

20 Пехуымпарадмӕ уазал цӕстӕй ма кӕсут.

21 Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.

22 Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.

23 Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.

24 Уӕ Хонӕг иузӕрдион у, ӕмӕ Уый сараздзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ.

25 Ӕфсымӕртӕ, кувут мах тыххӕй.

26 Ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ.

27 Бардарӕджы номӕй уын фӕдзӕхсын ацы фыстӕг ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр бакӕсын.

28 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan