1 Фессалоникӕгтӕм 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстБардарӕджы ӕрыздӕхт 1 Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут. 2 Сымах хорз зонут, Бардарӕг Йесойы номӕй уын цы бафӕдзӕхстам, уыдӕттӕ. 3 Хуыцауӕн фӕндон у уӕ сыгъдӕг цард: уӕхи бахизут хӕлддзинадӕй. 4 Алчидӕр уӕ сахуыр уӕд йӕ буар Хуыцауы фӕндиаг ӕнӕкъӕмӕй дарыныл 5 ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттӕгтау чъизи монцты коммӕ ма кӕсут. 6 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн. 7 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау махмӕ чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ фӕсидти. 8 Уӕдӕ, уыцы сидт чи ницӕмӕ дары, уый адӕймагыл нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауыл йӕхи атигъ кӕны. 9 Ӕфсымӕрты уарзыны тыххӕй уӕм фыссын уӕвгӕ дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзын сымах сахуыр кодта Хуыцау. 10 Ӕмӕ ныр сымах ахӕм цӕстӕй кӕсут ӕгас Македонийы ӕппӕт ӕфсымӕртӕм. Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: ноджы ӕнувыддӕр ут кӕрӕдзиуыл. 11 Зӕрдиагӕй тырнут ӕнӕзӕрдӕхудт цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ архайӕд йӕхи хъаруйӕ, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ. 12 Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут. 13 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат. 14 Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ, кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ. 15 Мах уын ныртӕккӕ цы зӕгъӕм, уый Бардарӕджы ныхас у: Бардарӕджы ӕрцыдмӕ махӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдон мӕрдты разӕй нӕ фӕуыдзысты. 16 Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон. 17 Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, семӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Бардарӕгимӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм Йемӕ. 18 Уыцы ныхӕстӕй рӕвдаут уӕ кӕрӕдзи. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia