Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Фессалоникӕгтӕм 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бон кӕй нал уыди, уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг баззайӕм Афинты,

2 Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,

3 цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут —

4 куы уӕм уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый ныр уӕхӕдӕг уынут.

5 Уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын мӕ бон нал уыд, ӕмӕ арвыстон уӕ уырнындзинады тыххӕй базонынмӕ, цӕмӕй уӕ хӕйрӕг ма сардауа тӕригъӕд ракӕныныл, ӕмӕ нӕ куыст дзӕгъӕлы ма фӕуа.

6 Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм ӕмӕ, мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут.

7 Ӕмӕ, кӕд зындзинӕдты ӕфтӕм ӕмӕ нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр, ӕфсымӕртӕ, уӕ уырнындзинад мах бауагъта ныфс.

8 Кӕд сымах фидарӕй ӕууӕндут Бардарӕгыл, уӕд мах удӕгас стӕм.

9 Сымах тыххӕй, стӕй нын нӕ Хуыцауы раз цы стыр цин ӕрхастат, уый тыххӕй Хуыцауӕн аккаг арфӕ кӕм ссарӕм?

10 Ӕхсӕвӕй-бонӕй кувӕм ӕвӕллайгӕйӕ, цӕмӕй уӕ фенӕм лӕгӕй-лӕгмӕ ӕмӕ баххӕст кӕнӕм, уӕ уырнындзинад цы хъуаг у, уый.

11 Уӕдӕ нын нӕ Фыд Хуыцау Йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо нӕ фӕндаг саразӕнт сымахмӕ.

12 Бардарӕг уын раттӕд, мах уӕ цы уарзтӕй уарзӕм, ахӕм уарзондзинад, уӕ кӕрӕдзийы ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куыд уарзат, афтӕ,

13 цӕмӕй уын Бардарӕг сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Бардарӕг Йесо Йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ’рцӕуа, уӕд. Аммен.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan