Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Афтӕ хыгъд ӕрцыдысты Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ, фыст сты Израилы паддзӕхты чиныджы. Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй иудейӕгты уацары атардтой Вавилонмӕ.


Йерусалимы цӕрджытӕй уацарӕй фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон

2 Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.

3 Йерусалимы ӕрцӕрӕг адӕм уыдысты Иудӕйы, Бениамины, Ефремы ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕй.


Иудӕйӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон

4 Иудӕйы фырт Парецы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Утай. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Аммиуд, Омри, Имри, Бани.

5 Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхтысты йӕ хистӕр зӕнӕг Асайа ӕмӕ йӕ фырттӕ.

6 Иудӕйы фырт Зарахы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Йеуел. Се ’рвад-ӕфсымӕртимӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ нӕуӕдз лӕджы.


Бениамины мыггагӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон

7 Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Саллу. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Мешуллам, Ходави, Сенуа.

8 Йерохамы фырт Ивнейа, Михрийы байзӕддаг Уззийы фырт Ела, стӕй Мешуллам, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Шефати, Реуел, Ивнейа.

9 Семӕ ӕрыздӕхтысты се ’рвадӕлтӕ дӕр, иннӕ мыггӕгты адӕм, фарастсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз лӕджы. Се ’ппӕт дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ.


Сауджынтӕй чи ӕрыздӕхти, уыдон

10 Сауджынтӕй ӕрыздӕхтысты Иедайа, Йехорив, Йахин,

11 Азариа, Хуыцауы хӕдзары хицау, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Хилкиа, Мешуллам, Цадок, Мерайот, Ахитув;

12 Адайа, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Йерохам, Пашхур, Малкиа; ноджы ма Масай, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Адиел, Йахзера, Мешуллам, Мешиллемит, Иммер.

13 Семӕ ӕрыздӕхтысты се ’рвадӕлтӕ дӕр, мыггӕгты хистӕртӕ, мин авдсӕдӕ ӕхсай лӕджы — Хуыцауы хӕдзары фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕ.


Левиттӕ — чи ӕрыздӕхти, уыдон

14 Левиттӕй ӕрыздӕхти Шемайа, Мерарийы мыггагӕй, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Хашшув, Азрикам, Хашавиа,

15 ноджы ма Бакбакар, Хереш, Галал ӕмӕ Маттаниа, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Миха, Зихри, Асаф,

16 ноджы ма Овади, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Шемайа, Галал, Йедутун, стӕй нетофӕгты хъӕуты цӕрӕг Варахи, Елканайы байзӕддаг Асайы фырт.


Дуаргӕстӕ

17 Дуаргӕстӕй ӕрыздӕхтысты: Шаллум, Аккув, Талмон, Ахиман ӕмӕ се ’фсымӕртӕ; Шаллум сын хицау уыд.

18 Ныронг дӕр сӕ мыггӕгтӕ хъалагъур хӕссынц Паддзахы кулдуары цур, Кувӕндоны скӕсӕнварс. Сӕ фыдӕлтӕ кӕддӕр уыдысты левитты рӕсӕнуӕтты хъахъхъӕнджытӕ.

19 Шаллум (йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Коре, Евиасаф, Корах) йе ’рвадӕлтимӕ, Корахы байзӕддӕгтимӕ, хъалагъур лӕууыдысты Цатыры къӕсӕрыл, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн куыд хъахъхъӕдтой, афтӕ.

20 Уӕд Елеазары фырт Пинхас уыди сӕ хицау. Дунедарӕг ӕй ӕрымысӕд!

21 Мешелемиайы фырт Захариа уыди Фембӕлды Цатыры дуаргӕс.

22 Дуаргӕстӕ кӕй скодтой, уыдон ӕдӕппӕт уыдысты дыууӕсӕдӕ дыууадӕс. Мыггӕгты номхыгъды фыст ӕрцыдысты сӕ хъӕуты. Дуаргӕстӕй сӕ сӕвӕрдтой Давид ӕмӕ зонынджын Самуел.

23 Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕ дӕр хъалагъур хастой Дунедарӕджы хӕдзары, Уаз Цатыры, дуӕртты цур.

24 Дуаргӕстӕ хъалагъур хастой цыппарӕрдыгӕй: скӕсӕнӕрдыгӕй, ныгуылӕнӕрдыгӕй, цӕгатӕрдыгӕй ӕмӕ хуссарӕрдыгӕй.

25 Се ’рвадӕлтӕ цардысты хъӕуты ӕмӕ-иу сӕм къордгай ӕрбацыдысты къуырийы ӕмгъуыдмӕ, семӕ балӕггад кӕнынмӕ.

26 Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд. Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.


Левитты хӕстӕ

27 Хуыцауы хӕдзары алыварс-иу баззадысты ӕхсӕвӕй райсоммӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны бӕрны уыди хъалагъур хӕссыны, стӕй алы райсом дуӕрттӕ гом кӕныны хъуыддаг дӕр.

28 Сӕ иуты къухы уыдысты аргъауыны ахсджиаг мигӕнӕнтӕ, нымадӕй сӕ хастой мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддемӕ дӕр.

29 Иннӕты къухы уыдысты Кувӕндоны иннӕ мигӕнӕнтӕ, стӕй ӕвзаргӕ ссад, сӕн, сой, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.

30 Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ аразгӕ та кодтой сауджынтӕ.

31 Левиттӕй иуӕн, Корахы байзӕддаг Шаллумы хистӕр фырт Маттитиайӕн, йӕ бӕрны уыди кувинаг лауаситӕ фыцын.

32 Се ’рвадӕлтӕй, Кехаты байзӕддӕгтӕй, кӕйдӕрты бӕрны уыди, алы сабат дӕр-иу Дунедарӕджы раз Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдӕуыд, уыцы дзултӕ фыцын.

33 Зарӕггӕнджытӕ, левитты мыггӕгты хистӕртӕ, цардысты Кувӕндоны хатӕнты. Иннӕ куыстытӕй уыдысты сӕрибар, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр ӕххӕст кодтой, сӕ бӕрны чи уыд, уыцы куыст.

34 Адон уыдысты левитты мыггӕгты хистӕртӕ; цардысты Йерусалимы.


Саулы мыггаг

35 Гивоны царди Йеиел, Гивоны сахарӕн йӕ бындурӕвӕрӕг; йӕ усы ном — Мааха.

36 Йӕ хистӕр фырт — Авдон, уый дӕле Цур, Киш, Баал, Нер, Надав,

37 Гедор, Ахйо, Захариа, Миклот.

38 Миклотӕй райгуырди Шимам. Адон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртимӕ цардысты Йерусалимы.

39 Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал.

40 Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха.

41 Михайы фырттӕ: Питон, Мелех, Тахреа, Ахаз.

42 Ахазӕй райгуырд Йара; Йарайӕ райгуырдысты Алемет, Азмавет ӕмӕ Зимри; Зимрийӕ райгуырди Моца;

43 Моцайӕ райгуырди Бина; уый фырт Рефайа, уый фырт Еласа, уый фырт Ацел.

44 Ацелӕн уыд ӕхсӕз фырты: Азрикам, Бохру, Измаел, Шеари, Овади, Ханан.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan