1 Азфыстытӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстБениамины байзӕддӕгтӕ 1 Бениамины хистӕр фырт — Бела, дыккаг — Ашбел, ӕртыккаг — Ахрах, 2 цыппӕрӕм — Ноха, фӕндзӕм та — Рафа. 3 Белайы фырттӕ: Аддар, Гера, Авигуд, 4 Авишуагъ, Нааман, Ахоах, 5 Гера, Шефуфан, Хурам. Бениамины байзӕддӕгтӕ Гевӕйы 6 Мӕнӕ Ехуды фырттӕ, Гевӕйы чи царди, фӕстӕдӕр та Манахатмӕ хаст чи ӕрцыд, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ: 7 Нааман, Ахийа ӕмӕ, Манахатмӕ сӕ чи акодта, уыцы Гера; амӕй райгуырдысты Узза ӕмӕ Ахихуд. Бениамины байзӕддӕгтӕ Моав, Оно ӕмӕ Лоды 8-9 Моавы быдыры цӕргӕйӕ, Шахараимӕн сӕнтысти цот. Йе ’ртыккаг ус Ходешӕй йын (уымӕй размӕ арвыста йӕ фыццаг дыууӕ усы — Хушим ӕмӕ Баарайы) райгуырдысты Йовав, Циви, Меша, Малкам, 10 Йеуц, Сахиа ӕмӕ Мирма. Адон сты йӕ фырттӕ, мыггӕгты хистӕртӕ. 11 Хушимӕй Шахараимӕн райгуырдысты Авитув ӕмӕ Елпаал. 12 Елпаалы фырттӕ: Евер, Мишам ӕмӕ Шемед. Шемед сарӕзта Оно ӕмӕ Лод йӕ алыварс хъӕутимӕ. Бениамины байзӕддӕгтӕ Айалоны ӕмӕ Йерусалимы 13 Бриа, Елпаал ӕмӕ Шемӕ уыдысты Айалоны цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ. Адон ратардтой Гаты цӕрджыты. 14 Ахйо, Шашак ӕмӕ Йеремот, 15 Зевадиа, Арад, Едер, 16 Михаел, Ишпа, Йоха — Бриайы фырттӕ. 17 Зевадиа, Мешуллам, Хизки, Хевер, 18 Ишмерай, Изли, Йовав — Елпаалы фырттӕ. 19 Йаким, Зихри, Завди, 20 Елиенай, Циллетай, Елиел, 21 Адайа, Берайа, Шимрат — Шимийы фырттӕ. 22 Ишпан, Евер, Елиел, 23 Авдон, Зихри, Ханан, 24 Хананиа, Елам, Антотийа, 25 Ифдейа, Пенуел — Шашакы фырттӕ. 26 Шамшерай, Шехари, Атали, 27 Йареши, Илийа, Зихри — Йерохамы фырттӕ. 28 Адон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ цардысты Йерусалимы. Бениамины байзӕддӕгтӕ Гивоны ӕмӕ Йерусалимы 29 Гивоны царди Йеиел, Гивоны сахарӕн йӕ бындурӕвӕрӕг; йӕ усы ном — Мааха. 30 Йӕ хистӕр фырт — Авдон, уый дӕле — Цур, Киш, Баал, Нер, Надав, 31 Гедор, Ахйо, Зехер, Миклот. 32 Миклотӕй райгуырди Шема. Адон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртимӕ цардысты Йерусалимы. Саулы мыггаг 33 Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал. 34 Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха. 35 Михайы фырттӕ: Питон, Мелех, Тареа, Ахаз. 36 Ахазӕй райгуырд Йохада; Йохадайӕ райгуырдысты Алемет, Азмавет ӕмӕ Зимри; Зимрийӕ райгуырди Моца; 37 Моцайӕ райгуырди Бина; уый фырт Рафа, уый фырт Еласа, уый фырт Ацел. 38 Ацелӕн уыдис ӕхсӕз фырты: Азрикам, Бохру, Измаел, Шеари, Овади, Ханан. 39 Ацелы ӕфсымӕр Ешекы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Улам, дыккаг — Йеуш, ӕртыккаг — Елифелет. 40 Уламы фырттӕ уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, дӕсны фатӕхсджытӕ. Сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цот уыдысты дӕс ӕмӕ авдыссӕдз. Адон се ’ппӕт дӕр сты Бениамины байзӕддӕгтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia