Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иссахары хӕдзарвӕндаг

1 Иссахарӕн уыди цыппар фырты: Тола, Пуа, Йашув ӕмӕ Шимрон.

2 Толайы фырттӕ: Уззи, Рефайа, Йериел, Йахмай, Ивсам ӕмӕ Самуел, Толайы артӕй рацӕуӕг мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ. Давиды заман Толайы байзӕддӕгтӕ сӕ мыггӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ баисты дыууын дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ.

3 Уззийы фырт — Израхиа. Израхиайы фырттӕ: Михаел, Овади, Иоел, Ишшиа. Фондзӕй дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ.

4 Уыцы мыггӕгтӕм сӕ номхыгъдмӕ гӕсгӕ уыд ӕртын ӕхсӕз мин хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Узийайы байзӕддагӕн бирӕ устытӕ ӕмӕ фырттӕ уыди.

5 Се ’рвадӕлтӕ дӕр, Иссахары иннӕ мыггӕгты адӕм, се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ. Сӕ номхыгъдмӕ гӕсгӕ уыдысты ӕстай авд мины.


Бениамины хӕдзарвӕндаг

6 Бениаминӕн уыдис ӕртӕ фырты: Бела, Бехер ӕмӕ Йедиаел.

7 Белайы фырттӕ: Ецбон, Уззи, Уззиел, Йеримот ӕмӕ Ири. Фондзӕй дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ. Сӕ мыггӕгты номхыгъды фыст ӕрцыди дыууын дыууӕ мин ӕртын цыппар лӕджы.

8 Бехеры фырттӕ: Земирах, Йоаш, Елиезер, Елйоенай, Омри, Йеремот, Авийа, Анатот, Алемет.

9 Сӕ байзӕддаджы номхыгъды, мыггаггай, фыст ӕрцыди ссӕдз мины ӕмӕ дыууӕсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны.

10 Йедиаелы фырт — Билхан. Билханы фырттӕ: Йеуш, Бениамин, Ехуд, Кенаана, Зетан, Таршиш, Ахишахар.

11 Йедиаелы фырттӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ; сӕ мыггӕгты уыди ӕвддӕс мины ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕстифтонг лӕджы.

12 Иры фырттӕ: Шуппим ӕмӕ Хуппим. Ахеры фырт — Хушим.


Неффалимы хӕдзарвӕндаг

13 Неффалимы фырттӕ: Йахциел, Гуни, Йецер, Шаллум — Неффалимы мад Билхайы зӕнӕджы зӕнӕг.


Менассиайы хӕдзарвӕндаг

14 Менассиайы байзӕддӕгтӕ: йӕ арамейаг номылусӕй рацыди фырт Асриел, ноджы — Махир, Галаады фыд.

15 Махир ӕрхаста ус, йӕ ном — Мааха, Хуппим ӕмӕ Шуппимы хо. Махиры дыккаг фырт хуынди Цалфахад. Цалфахадӕн ӕрмӕстдӕр чызджытӕ уыд.

16 Махиры ус Мааха ныййардта фырт ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Переш. Йе ’фсымӕры ном — Шереш. Шерешы фырттӕ: Улам ӕмӕ Рекем.

17 Уламы фырт хуынди Бедан. Адон сты Галаады байзӕддӕгтӕ, рацыдысты Менассиайы фырт Махиры артӕй.

18 Галаады хо Хаммолехет ныййардта Ишходы, Авиезеры ӕмӕ Махлайы.

19 Шемидайы фырттӕ: Ахйан, Шехем, Ликхи, Аниам.


Ефремы байзӕддӕгтӕ

20 Ефремы фырт — Шутелах, уый фырт Беред, уый фырт Тахат, уый фырт Елада, уый фырт Тахат,

21 уый фырт Завад, уый фырт Шутелах. Ефремӕн ма уыди дыууӕ фырты: Езер ӕмӕ Елад. Амардтой сӕ Гаты адӕм, уыцы бӕстӕйы бынӕттон цӕрджытӕ, адон сын сӕ фос ратӕрынмӕ кӕй ныццыдысты, уый тыххӕй.

22 Бирӕ бонтӕ арвыста, уыдоныл кӕугӕйӕ, сӕ фыд Ефрем, ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.

23 Фӕстӕдӕр Ефрем йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыд, ус банхъӕлцау ӕмӕ лӕппу ныййардта. Ефрем ыл сӕвӕрдта ном Бриа, уымӕн ӕмӕ бӕллӕх ӕрцыд йӕ хӕдзарыл.

24 Ефремӕн уыди чызг дӕр — Шеера. Уый сарӕзта ӕртӕ сахары: Дӕллаг Бет-Хорон, Уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ Уззен-Шеера.

25 Ефремӕн ма ноджыдӕр уыди фырттӕ: Рефах ӕмӕ Решеф. Решефы фырт — Телах, уый фырт Тахан,

26 уый фырт Ладан, уый фырт Аммиуд, уый фырт Елишама,

27 уый фырт Нун, уый фырт Йешуа.

28 Ефремы байзӕддӕгты зӕххытӕ, сӕ цӕрӕнуӕттӕ, уыдысты: Вефил йӕ алыварс хъӕутимӕ, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм — Нааран, ныгуылӕнӕрдӕм — Гезер йӕ алыварс хъӕутимӕ. Цӕгатӕрдӕм сӕ зӕххытӕ ӕххӕссыдысты Шехем ӕмӕ Айайы ӕмӕ уыдонӕн сӕ алыварс хъӕуты онг.

29 Менассиайы байзӕддӕгты къухы уыдысты: Бет-Шеан, Таанах, Мегиддо ӕмӕ Дор сӕ алыварс хъӕутимӕ. Уыцы рӕтты цардысты Израилы фырт Йосефы байзӕддӕгтӕ.


Асиры хӕдзарвӕндаг

30 Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви ӕмӕ Бриа; сӕ хо — Серах.

31 Бриайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малкиел, Бирзаиты бындурӕвӕрӕг.

32 Хеверӕн рацыди ӕртӕ фырты: Йафлет, Шомер ӕмӕ Хотам, стӕй иу чызг — Шуа.

33 Йафлеты фырттӕ: Пасах, Бимхал ӕмӕ Ашват.

34 Шемеры фырттӕ: Ахи, Рохга, Хубба, Арам.

35 Шемеры ӕфсымӕр Хелемы фырттӕ: Цофах, Имна, Шелеш, Амал.

36 Цофахы фырттӕ: Суах, Харнефер, Шуал, Бери, Имра,

37 Бецер, Ход, Шамма, Шилша, Итран, Беера.

38 Йетеры фырттӕ: Иефонне, Фиспа, Ара.

39 Уллайы фырттӕ: Арах, Ханниел, Рици.

40 Адон се ’ппӕт дӕр сты Асиры байзӕддӕгтӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, ӕвзаргӕ лӕгтӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд ӕлдӕрттӕ. Асиры байзӕддӕгтӕй хӕстонты номхыгъды фыст ӕрцыд ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan