Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

1 Азфыстытӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Алчерты хӕдзарвӕндаг

1 Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.

2 Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел.

3 Амрамы цот: Аарон, Моисей ӕмӕ Мариам. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.

4 Елеазарӕй райгуырд Пинхас; Пинхасӕй райгуырд Авишуагъ;

5 Авишуагъӕй райгуырди Букки; Буккийӕ райгуырд Уззи;

6 Уззийӕ райгуырди Зерахи; Зерахийӕ райгуырди Мерайот;

7 Мерайотӕй райгуырд Амариа; Амариайӕ райгуырд Ахитув;

8 Ахитувӕй райгуырд Цадок; Цадокӕй райгуырд Ахимаац;

9 Ахимаацӕй райгуырд Азариа; Азариайӕ райгуырд Иоханан;

10 Иохананӕй райгуырд Азариа — Соломон Йерусалимы кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны сауджын;

11 Азариайӕ райгуырд Амариа; Амариайӕ райгуырд Ахитув;

12 Ахитувӕй райгуырди Цадок; Цадокӕй райгуырди Шаллум;

13 Шаллумӕй райгуырди Хилкиа; Хилкиайӕ райгуырд Азариа;

14 Азариайӕ райгуырди Серай; Серайӕ райгуырд Иоцадак.

15 Иоцадак ацыди уацары, Дунедарӕг Навуходоносоры къухӕй иудейӕгтӕ ӕмӕ йерусалимӕгты уырдӕм куы атардта, уӕд.


Левитты мыггӕгтӕ

16 Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.

17 Мӕнӕ Гершоны фыртты нӕмттӕ: Ливни ӕмӕ Шими.

18 Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел.

19 Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Мӕнӕ левитты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтӕм гӕсгӕ.

20 Гершон: йӕ фырт Ливни, уый фырт Йахат, уый фырт Зимма,

21 уый фырт Йоах, уый фырт Иддо, уый фырт Зерах, уый фырт Йотрай.

22 Кехаты байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Аминадав, уый фырт Корах, уый фырт Ассир,

23 уый фырт Елкана, уый фырт Евиасаф, уый фырт Ассир,

24 уый фырт Тахат, уый фырт Уриел, уый фырт Узийа, уый фырт Саул.

25 Елканайы фырттӕ: Амасай ӕмӕ Ахимот;

26 Ахимоты фырт — Елкана, уый фырт Цофай, уый фырт Нахат, уый фырт

27 Елиав, уый фырт Йерохам, уый фырт Елкана, уый фырт Самуел.

28 Самуелы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоел, кӕстӕр — Авийа.

29 Мерарийы байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Махли, уый фырт Ливни, уый фырт Шими, уый фырт Узза,

30 уый фырт Шима, уый фырт Хагги, уый фырт Асайа.


Левиттӕ — зарӕггӕнджытӕ

31 Дунедарӕджы хӕдзары Фидыды Чырын куы ӕрӕнцад, уый фӕстӕ дзы Давид сӕвӕрдта зарӕггӕнджыты.

32 Уыдонӕн зарыны лӕггад кодтой Фембӕлды Цатыры цур, цалынмӕ Соломон Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар нӕ сарӕзта, уӕдмӕ. Се ’гъдаумӕ гӕсгӕ-иу ӕрлӕууыдысты сӕ куысты уӕлхъус.

33 Мӕнӕ, сӕ фырттимӕ лӕггад чи кодта, уыдон: Кехаты мыггагӕй: Хеман, зарӕггӕнӕг; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Иоел, Самуел,

34 Елкана, Йерохам, Елиел, Тоах,

35 Цуф, Елкана, Махат, Амасай,

36 Елкана, Иоел, Азариа, Софониа,

37 Тахат, Ассир, Евиасаф, Корах,

38 Ицхар, Кехат, Левий, Израил.

39 Хеманӕн йӕ рахизфарс лӕууыд йе ’рвад Асаф; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Варахи, Шима,

40 Михаел, Баасейа, Малкиа,

41 Етни, Зерах, Адайа,

42 Етан, Зимма, Шими,

43 Йахат, Гершом, Левий.

44 Хеманӕн йӕ галиуфарс лӕууыдысты Мерарийы байзӕддӕгтӕ, Хеман ӕмӕ Асафы ӕрвадӕлтӕ, сӕ сӕргъы Етан, афтӕмӕй; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Киши, Авди, Маллух,

45 Хашавиа, Амациа, Хилкиа,

46 Амци, Бани, Шемер,

47 Махли, Муши, Мерари, Левий.


Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ

48 Иннӕ левиттӕн, се ’рвадӕлтӕн, лӕвӕрд ӕрцыд алы куыст Дунедарӕджы цӕрӕны, Хуыцауы хӕдзары.

49 Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ та хастой нывӕндтӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл. Кодтой уазлӕггады куыст, ӕххӕст кодтой Израилы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдӕуттӕ — Хуыцауы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

50 Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт — Елеазар, уый фырт Пинхас, уый фырт Авишуагъ,

51 уый фырт Букки, уый фырт Уззи, уый фырт Зерахи,

52 уый фырт Мерайот, уый фырт Амариа, уый фырт Ахитув,

53 уый фырт Цадок, уый фырт Ахимаац.


Левитты мыггӕгты цӕрӕнуӕттӕ

54 Мӕнӕ левитты цӕрӕнуӕттӕ, сӕ зӕххытӕ. Кехаты мыггаджы иу хайӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, сӕ хал фыццаг кӕй схаудта, уымӕ гӕсгӕ сын

55 Иудӕйы зӕххыл бахай кодтой Хеврон ӕмӕ йӕ алыварс хизӕнуӕттӕ.

56 Сахарӕн йӕ хуымтӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутӕ та радтой Иефоннейы фырт Калевӕн.

57 Аароны байзӕддӕгтӕн радтой ӕмбӕхсӕн сахартӕ: Хеврон, Ливнӕ йӕ хизӕнуӕттимӕ, Йатир, Ештемоа йӕ хизӕнуӕттимӕ,

58 Хилез ӕмӕ Девир сӕ хизӕнуӕттимӕ,

59 Ашан ӕмӕ Бет-Шемеш сӕ хизӕнуӕттимӕ;

60 Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххыл та — Гевӕ, Алемет ӕмӕ Анатот сӕ хизӕнуӕттимӕ, ӕдӕппӕт ӕртындӕс сахары. Аароны байзӕддӕгтыл уӕрст ӕрцыдысты мыггаггай.

61 Кехаты байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыцы мыггӕгтӕм Ефрем ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндӕгты зӕххы хӕйттыл, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис кӕм цардысты, уыцы зӕххыл, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауди дӕс сахары.

62 Гершоны байзӕддӕгтӕн, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Иссахар, Асир ӕмӕ Неффалимы хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй Башаны чи царди, уыдоны зӕххыл радтой ӕртындӕс сахары.

63 Мерарийы байзӕддӕгтӕм, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Рувим, Гад ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауди дыууадӕс сахары.

64 Афтӕмӕй израилӕгтӕ левиттӕн радтой ацы сахартӕ сӕ алыварс хизӕнтимӕ.

65 Хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, Аароны байзӕддӕгтӕн Иудӕ, Симеон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл радтой уӕлдӕр ранымад сахартӕ.

66 Кехаты байзӕддӕгтӕй ма кӕцыдӕр мыггӕгтӕм, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, Ефремы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл

67 ӕрхауди мӕнӕ ацы ӕмбӕхсӕн сахартӕ дӕр: Шехем йӕ хизӕнуӕттимӕ Ефремы хӕхбӕсты, стӕй Гезер йӕ хизӕнуӕттимӕ;

68 Йокмеам, Бет-Хорон,

69 Айалон ӕмӕ Гат-Риммон сӕ хизӕнуӕттимӕ;

70 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы зӕххыл та — Анер йӕ хизӕнуӕттимӕ ӕмӕ Билам йӕ хизӕнуӕттимӕ. Адон радтой, Кехаты байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыцы мыггӕгтӕн.

71 Гершоны байзӕддӕгтӕн, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис кӕм царди, уыцы зӕххыл, Башаны, радтой Голан йӕ хизӕнуӕттимӕ, стӕй Аштарот йӕ хизӕнуӕттимӕ;

72 Иссахары хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Кедеш йӕ хизӕнуӕттимӕ, Даверат йӕ хизӕнуӕттимӕ,

73 Рамот йӕ хизӕнуӕттимӕ, Анем йӕ хизӕнуӕттимӕ;

74 Асиры хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Машал йӕ хизӕнуӕттимӕ, Авдон йӕ хизӕнуӕттимӕ,

75 Хукок йӕ хизӕнуӕттимӕ, Рехов йӕ хизӕнуӕттимӕ;

76 Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Кедеш Галилейы, йӕ хизӕнуӕттимӕ, Хаммон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Кирйатаим йӕ хизӕнуӕттимӕ.

77 Мерарийы байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыдонӕн Зевулоны хӕдзарвӕндаджы зӕххыл радтой: Риммон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Фавор йӕ хизӕнуӕттимӕ;

78 Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Иорданы скӕсӕйнаг фарс, Йерихоны ныхмӕ: Бецер ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ хизӕнуӕттимӕ, Йахац йӕ хизӕнуӕттимӕ,

79 Кедемот йӕ хизӕнуӕттимӕ, Мефаат йӕ хизӕнуӕттимӕ;

80 Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Рамот Галаады, йӕ хизӕнуӕттимӕ, Маханаим йӕ хизӕнуӕттимӕ,

81 Хешбон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Йазер йӕ хизӕнуӕттимӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan